Йæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Одессæйы, уый фæстæ йæ архайд бæрæг дардта Ирыстоны
Ацы бонты йæ 60 азы юбилей бæрæг кæны режиссер æмæ кинонывты сценарист Джусойты Мурат. Йæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Одессæйы, уый фæстæ йæ архайд бæрæг дардта Ирыстоны. Джусойты Мураты ист кинонывтæ æвдыст цыдысты нæ бæстæйы кинотеатрты. Адæм сæм цыдысты зæрдиагæй æмæ цымыдисæй. Цавæр кинонывтæ систа æмæ цæуыл кусы фæстаг азты, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
«Хохаг», «Человек в зеленом кимано», «Фанат», ацы кинонывтæ сæ рæстæджы æмæ ныр дæр фæндаг ссардтой адæмы зæрдæтæм. Джусойты Мурат цы кинонывтæ иста, уыдон зыдтой æппæт бæстæй дæр. Ацы бонты Мурат бæрæг кæны йæ 60 азы юбилей. Йæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Одессæйы киностудийæ. уым йæхи фæлвæрдта куыд сценарист æмæ режиссер.
Йæ сфæлдыста канд сценари ныффысыныл не рлæууыд. Фæндыд æй аивад уарзджытæм бахæццæ кæнын йæхи уынынад, уимæ киноныв исгæйæ ивд цыд йæ хъуыды дæр. Ногдзинæдтæ хаста хъæлæстæ æвæргæйæ æмæ монтазы рæстæг дæр.
Фæсæтæдæр Джусойты Мурат исын райдыдта документалон кинонывтæ дæр. Уимæ арахайдта æрмæст дæр йæ удæн æхсызгон чи уыд ахæм кинонывтимæ. Коммерци нæ уарзы. Уымæ гæсгæ бирæ азты фæстæ ногæй систа историкон ныв «Рудник». Æвдисы дзы Ирыстоны цард Уæрæсейимæ баиу кæныны фæстæ. 2017-æм азы та равдыста йæхи Къостайы. Райста йæ цардæй иу бон. 1898 аз – Къоста йæ фыццаг æмбырдгонд «Ирон фæндыр» куы цæттæ кодта, уæд. Æмæ хумæтæджы нæ, Ууыцы рæстæг æрыгон поэт ирдæй æвдыста ирон интеллигенцийы ахадындзинад æмæ дзы агуры адæмы фæндаг рухс цардмæ. Зæгъæн ис æмæ кинойы фæрцы Джусойты Мурат ссарда йæхи царды фæндаг. Æмæ фæсмон нæ кæны, уымæн æмæ йæ фæллойæн адæм кæнынц аргъ, уый та у хæзнаты хæзна.




