Сфæлдыстадон изæр ацыд республикæйы наукон библиотекæйы
Йæ 75 азы юбилей сбæрæг кодта поэт, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг Бабочиты Руслан. Сфæлдыстадон изæр ацыд республикæйы наукон библиотекæйы. Мадзалы презентаци уыд йе мдзæвгæты ног æмбырдгондæн. Рауагътой йæ меценат Хидирты Валерийы æххуысæй. Уый у, Цæгат Ирыстоны минæвар Дард Скæсæны федералон зылды. Автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ чиныгыл куыста афæдзмæ хæстæг. Сæмбырд дзы кодта йæ зæрдæйы арфы цы хъуыдытæ сæвзæрд, уыдон. Ацы æмбырдгонд поэтæн у æвдæм. Бабочиты Руслан йæ фыццаг æмдзæвгæтæ ныффыста скъолайы ахуыргæнгæйæ. Уæдæй нырмæ сфæлдыстад йемæ кæны æмдзу. Литературæ иртасæг у хæзныдоны гимны автор æмæ национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат. Зындгон сты йæ публицистон куыстытæ дæр. Руслан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ныр та сфæлдыстады йæ размæ сæвæрдта ног нысантæ.




