филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:01 четверг, 19 сентября 2024
18 сентября 2024, 10:34
Йæ 85-æм азыл йæ цардæй ахицæн инæлар-майор Бæтæгаты Таймураз

Йæ службæйы сæргъы уыди 30 азæй фылдæр

Йæ 85-æм азыл йæ цардæй ахицæн, мидхъуыддæгты министрады сгуыхт кусæг, мидхъуыддæгты оргæнты ветеранты Советы уæнг, Сырх тырысайы ордены кавалер æмæ бирæ æндæр паддзахадон хæрзиуджыты хицау, Советон Цæдисы Уæлдæр советы уæнг, инæлар-майор Бæтæгаты Таймураз. Йæ службæйы сæргъы уыди 30 азæй фылдæр. Йæ размæ вæрд хæстæ кæдфæндыдæр æххæст кодта иттæг раст, йæ фæллойадон фæндаг уыди хуымæтæг кусæгæй суанг министры хæдивæджы онг. Архайдта æмæ разамынд лæвæрдта бирæ карз фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддæгтæн. Се хсæн – Дзæуджыхъæуы скъоладзаутимæ автобус террористтæ куы бацахстой, уыцы цау. Раргом кодта Елхоты рестораны адæмы амарыны фыдракæнд дæр, стæй бирæ æндæр хъуыддæгтæ. Бæтæгаты Таймуразæн мидхъуыддæгты къабазы республикæйы æппæты фыццаг саккаг кодтой   уæлдæр паддзахадон хæрзиуæг «Ирыстоны Намысы»-ы орден. Инæлар – майоры цард уыди лæгдзинады æмæ ныфсхастдзинады дæнцæг, йæ райгуырæн бæстæмæ  æмæ йæ равзæрст дæсныйадмæ æгæрон уарзондзинад сæрбæрзондæй хаста йæ царды фæстаг бонтæм. Рæстдзæвин æмæ закъоныл тох уыдысты йæ царды сæйрагдæр æууæлтæ, зæгъынц мидхъуыддæгты министрады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania