филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:22 воскресенье, 01 февраля 2026
04 октября 2019, 15:15
Йæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй бирæ хæрзиуджытæй хорзæхджын уыд Сунжæйы скъолаты раздæры директор Багаты Иван

50 азы онг лæггад кодта ахуырадæн. Лæвæрд йын уыд СССР-ы ахуырады отличник, нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном æмæ бирæ кады гæххæттытæ.

Йæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй бирæ хæрзиуджытæй хорзæхджын уыд Сунжæйы скъолаты раздæры директор Багаты Иван дæр. 50 азы онг лæггад кодта ахуырадæн. Лæвæрд йын уыд СССР-ы ахуырады отличник, нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном æмæ бирæ кады гæххæттытæ. Фæстагмæ цы скъолайы куыста уым та йæ номыл байгом кодтой мемориалон фæйнæг.

Багаты Иванæн скъола уыд йæ куывддон, йæ зонындзинæдты суадон æмæ цард. Æмæ кæд абон номдзыд ахуыргæнæг уыдыгас нал у, уæддæр цæры йæ ном. Хъуыды йæ кæнынц йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй кæмæн лæвар кодта, уыцы аахуырдзаутæ.

Йæ фæллойы фæндаг Иванæн дæргъвæтин уыд. Райдыдта Чермены хъæуы скъолайы директорæй, уый фæстæ йæ раивтой йæ райгуырæн хъæу Сунжæмæ. Ацы чысыл агъуысты Иван æрвыста йæ бонтæ – райсомæй изæрдалынгтæм æмæ афтæ 30 азмæ хæстæг.

Адæмы бæрны куы бацæуай уæд дзы кусын хъæуы зæгъгæ. Афтæмæй Сунжæйы æппæт сывæллæттæ йæ бæрны бакæнгæйæ дзуапп лæвæрдта алкæуыл дæр. Хæдзары та ма хи цот дæр хъомыл кодтой, уыдон.

Кæд куысты мидæг Иван уыд домаг, уæд царды та фырнымд, уæздан æмæ фæллойуарзаг. Йæ æнæзæрдæхудты тыххæй дзурынц бирæ хæрзиуджытæ, майдантæ. Иуыл кадджындæр æмæ зынаргъыл дæр йæхицæн нымадта СССР ахуырады отличникы ном. Стæй нæ республикæйы ахуырады сгуыхт кусæджы ном. Æппæт хæрзиуджытæ абон дæр йæ бинонтæ нымайынц се стырдæр хæзнайыл.

Кæд суткæйы ис 24 сахаты, уæд Иванæн йæ сахаттæ уыдысты æнæкæрон. Иу скъолайæ иннæмæ йæ куы раивтой, уæддæр дысфæлдæхтæй архайдта, цæмæй Сунжæйы скъола уа раззагдæрты хæсæн, зæгъынц йæ раздæры æмкусджытæ.

Иутæ фæцæрынц æнусы бæрц æмæ сæ фæстæ ницы ныууадзынц, Иваны цардвæндаг та 70 азæй чысыл фылдæр, фæлæ йæ царды фæстаг бонмæ кодта фæллой, хаста адæмæн зонындзинæдтæ æмæ æмæ уымæй хаста рухс фидæн цардмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania