филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:38 суббота, 28 сентября 2024
26 января 2022, 13:37
Йæ фыдæлты сгуыхтдзинæдтæн аргъ цы кæстæртæ нæ кæнынц, уыдоны рæсугъд фидæнæн уæвæн нæй

Хæзныдойнаг Боллоты Хъазыбеджы хуызæн, бирæтæ нæ хъуыды кодтой сæ хæстон  цауты хабæрттæ

Йæ фыдæлты сгуыхтдзинæдтæн аргъ цы кæстæртæ нæ кæнынц, уыдоны рæсугъд фидæнæн уæвæн нæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ фæллойы ветеран, бирæ хæрзиуджыты хицау Хæзныдоны хъæуы цæрæг Боллоты Хъазыбеджы рухс ном, йæ удæн зынаргъ хъуыддæгтæн куыд аргъгонд цæуы, æмæ цы хуызы лæвæрд цæуынц кæстæртæм, уыимæ нæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зындзинæдтæн рæстæгмæ дæр ферох кæнæн нæй. Нæ фыдæлты уыцы хъæбатырдзинад, сæрæндзинад, кæрæдзийыл æнувыддзинад хъуамæ æмбæрстгонд уа фидæны фæлтæртæн. Уый тыххæй та сæм хæццæ кæнын хъæуы нæ хъæбатæр хæстонты мысинæгтæ. Сæ алкæцыйы мысинæгтæ дæр сты историйы  чиныг  саразыны аккаг. Хæзныдойнаг Боллоты Хъазыбеджы хуызæн, бирæтæ нæ хъуыды кодтой сæ хæстон  цауты хабæрттæ. Хъазыбег та ахуыргæнæг уæвгæйæ, кæд ын зын у уыцы хъуыддæгтæ алы хатт цæстытыл уайын кæнын, уæддæр сæ кодта, æмбæрста фидæны фæлтæртæн пайда кæй уыдзысты, уый.

Тугкалæн быдырты æнцон никæцы хæстонæн уыд. Боллоты Хъазыбег куыд дзырдта, афтæмæй иу уысм дæр нæ гуырысхо кодтой, сæ фыдыуæзæгыл æнæ  уæлахизæй кæй нæ сæмбæлдзысты, ууыл. Хæсты  быдырты кæрæдзийæн хъару куыд лæвæрдтой, уый та фæзминаг у алы рæстæг дæр.

Ацы бон Боллоты Хъазыбег æмæ Зурмæйы кæстæртæ фæлтæртæм хæссынц сæ хистæрты мысинæгтæ, сæ адæмуарзондзинады миниуджытæ. Стæй сæ удæн зынаргъ чи уыд, уыцы хъуыддæгтæ. Сæ фырт Боллоты Таймураз ногæй цард радта, йæ фыд кæм райгуырд, уыцы хъæу Къумбултæн. Йæ хæзнатæ йын хæссы фæлтæртæм.

Æнæмæнг уыцы стыр хъару æмæ куырыхондзинады хицæутты бынат зын бацахсæн у. Боллоты Хъазыбег æмæ Тубеты Зурмæхан сæ рæсугъд уды миниуджытæй та фæххайджын кодтой канд сæхи кæстæрты нæ, фæлæ Хæзныдоны хъæуы цæрджыты бирæ фæлтæртæ. Сæ рухс нæмттæ, цы хæзнатыл тох кодтой, уыдон  сын хæссынц фæлтæртæм.  Йæ истори сæфт цы хъуыддагæн нæ уа, уый та  у арфæйаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania