филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:31 воскресенье, 14 декабря 2025
31 мая 2023, 12:00
Йæ куыст райдыдта проект «Нывгæнджытæ – хохаг сывæллæттæн»

Йæ саразæг Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны  сгуыхт нывгæнæг Абысалты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзал æндæр никуы арæзт цæуы

Фылдæр гæнæнтæ сабитæн. Йæ куыст райдыдта проект «Нывгæнджытæ – хохаг сывæллæттæн». Арæзт цæуы  2019–æм азæй фæстæмæ. Йæ саразæг Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны  сгуыхт нывгæнæг Абысалты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзал æндæр никуы арæзт цæуы. Проекты фæлгæты, суинаг нывгæнджыты бон уыдзæн бацархайын дæсныйадæвдисæг ахуырты æмæ пленэрты. Проект байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта Æрæфы районы админстрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омар.  Раарфæ сын кодта сæ зæрдиаг архайды тыххæй. Районы культурæйы галуаны сфæлдыстадон къордтæ та уазджыты дисы бафтыдтой сæ аивадæй. Ацы аз проекты архайынц нывгæнджытæ Мæскуыйæ, Стъараполы крайæ, стæй Дзæуджыхъæуæй.   Культурон – рухстауæн проект цæудзæн фондз боны дæргъы. Уыцы рæстæгмæ дзы бацархайдзысты Цæгат Ирыстоны нывкæнынады скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Сæ куыст кæндзысты Дыгургомы, фæлладуадзæн базæтæй иуы территорийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania