филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:59 четверг, 19 сентября 2024
12 сентября 2024, 11:37
Йæ сæдæ азы сæрты ахызт Дзуарыхъæуы цæрæг Цопанаты-Колбенко Екатеринæ

Æнус цы сылгоймаг фæцард, уымæн кæд йæ цард иухуызæн лæгъз нæ уыди, уæддæр ын уыд цымыдисаг

Æрæджы йæ сæдæ азы сæрты ахызт Дзуарыхъæуы цæрæг Цопанаты-Колбенко Екатеринæ. Райгуырд æмæ йæ æрыгон бонтæ арвыста Курскы облæсты. Абхазийы архайдта æфсæнвæндаджы арæзтады. Уым базонгæ йæ фидæны цардæмбалимæ æмæ йемæ æрцыд Цæгат Ирыстоны. Æнус цы сылгоймаг фæцард, уымæн кæд йæ цард иухуызæн лæгъз нæ уыди, уæддæр ын уыд цымыдисаг. Æхсызгонæй йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд дæр. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Кæд Цопанаты-Колбенко Екатеринæйыл 100 азы сæххæст, уæддæр æй Дзуарыхъæуы цæрджытæ Катя хонынц. Райгырди Курскы облæсты. Фæстæдæр сæ бинонтæ алыгъдысты Донбассмæ – йæ фыд уым шахтæйы куыста. Сæ хæдзармæ куы сыздæхтысты, уæд сæ райгуырæн зæхх сæййæфтой хæсты цæхæры уæвгæйæ.

Уæд æрыгон Екатеринæ Колбенко аразт Абхазмæ æфсæнвæндаг аразынмæ. Уым базонгæ йæ фидæны цардæмбал дзуарыхъæуккаг Цопанаты Мæирбегимæ. Фыццаг рæстæг Екатеринæ тыхсти, цавæр ахастытæ йын рауайдзæн  йæ ног бинотимæ Ирыстоны, ууыл.

Фæлæ Екатеринæ дзæгъæлы мæт кодта. Йæ цардæмбалимæ бирæ азты фæцардысты æмудæй. Схъомыл кодтой 2 сывæллоны, уыдоны цот сты 4. Биноты сывæллæтты æртыккаг фæлтæр та сты 5.

Екатеринæ сахуыр кодта ирон æвзаг. Бынæттон цæрджытæ ма йæ ныр дæр афæрсынц, кæцы мæймæ цавæр национ бæрæгбон æрхауы, уый тыххæй. Хорз хъуыды кæны, 70 азы размæ чъиритæ кæнын тæрсгæйæ куыд ахуыр кодта, уый.

Екатеринæйæн 98-аздзыдæй скодтой уæззау операци. Уый фæстæ йе *нæниздзинад тагъд фæфидар. Йæ зæрдыл арæх æрлæууынц хæсты фæстæ азтæ. Уыцы рæстæг йæхимæ хорз зылди – нæ хордта судзаг æмæ цæхджын хæринаг. Ныр æй тыхсын кæнынц йæ къæхтæ, фæлæ уæддæр архайы цæуыныл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хостæ никуы нызта, æдзухдæр кодта кусгæ.

Екатеринæйæн йæ 100 азы боны фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты йæ бирæ хæстæджытæ. Алагиры районы хицауад ын радта Кады гæххæтт йæ хорз куысты тыххæй. Нæлгоймæгтæ куывтой Екатеринæйæн. Йæхæдæг та мысыди худæг цаутæ цардæй – Дзуарыхъæуккаг хистæры хъæлдзæг уды ахастмæ ис бахæлæггæнæн. Цопанаты Екатеринæ, чи йæ уарзы, уыцы адæмимæ бакъахдзæф кодта ног æнусмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania