17 сентября 2019, 18:30
Йæ сывæллæттæ Беслæны теракты кæмæн фæмард сты, ахæм пенсиисджытæн бафтаудзысты сæ пенситыл
Уый тыххæй абон фехъусын кодтой Хицауады æмбырды.
Йæ сывæллæттæ Беслæны теракты кæмæн фæмард сты, ахæм пенсиисджытæн бафтаудзысты сæ пенситыл. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой Хицауады æмбырды. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр куыд загъта, афтæмæй æртыгай мин сомтæ бафтаудзысты 79 адæймагæн. Фиддонты иумæйаг бæрц хъуамæ уа 5 милуан сомы 4 сæдæ мин сомы. Министр куыд загъта, афтæмæй нымæцтæ гæнæн ис, æмæ аивой. Фæлæ адæм хъуамæ слæууой хыгъды.
темæмæ гæсгæ




