филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:40 среда, 24 апреля 2024
18 мая 2022, 10:23
Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хуыбаты-Амирова Варварæ

Легендарон «Чижик», афтæ йæ хуыдтой йæ хæстон хæлæрттæ, йе фсæддон хæс æххæстæй бафыста

Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хуыбаты-Амирова Варварæ. 17 азы йыл куы цыд, уæд ацыд фронтмæ. Уыд снайпер. Легендарон «Чижик», афтæ йæ хуыдтой йæ хæстон хæлæрттæ, йе фсæддон хæс æххæстæй бафыста. Уæгъд кодта Кавказ, Новороссийск, Керчь. Йæ хæдзармæ сыздæхт старшинайы цины. Хорзæхгонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг къæпхæны орденæй æмæ  æфсæддон сгуыхтдзинады тыххæй майданæй. Уæлахизыл Варварæ сæмбæлд йæ хæдзары, Ногиры. Хæстон цаутæ мысын нæ уарзта. Дзырдта æрмæст сабыр царды тыххæй. Хæсты фæстæ «Чижик» ацыд ахуыргæнæгæй кусынмæ Томскмæ, стæй та Астæуккаг Азимæ. Хуыбаты-Амирова Варварæйыл цыд 95 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania