филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:21 суббота, 28 сентября 2024
28 сентября 2021, 12:46
Йæ цардæй ахицæн, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыдонæй иу Мæрзаганты Махар

Уый цыди 95 азы

Йæ цардæй ахицæн, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыдонæй иу Мæрзаганты Махар. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Уæллаг Фыййагдоны цæрæг æрыгон лæппуйыл цыди 15 азы, æмæ фæллой кодта фронты фæсчъылдым. Куыста шахтæйы, фæстæдæр та бацыд милицæмæ. Кад æмæ намыс уыдысты йæ куысты сæйрагдæр хъуыддæгтæ. Махар тынг хорз хъуыды кодта йæ цардвæндаджы алы рæстæджытæ, райдай сабибонтæй æмæ ныртæккæйы онг. Кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр Махар йæ зæрдыл дардта алцыдæр. Æххормаг æмæ уæззау азтæ, хиуыл нæ ауæрдгæйæ фæллойы бонтæ, стæй хуымæтæг пулеметчикы. Иу ахæмы йе мбæлттимæ куыста быдыры, æмæ сæ аирвæзын кодта цæф салдат. Хъыгагæн ын йæ ном дæр нæ базыдтой.  75 азы иумæйаг фæллойы стаж. Уыдонæй 36 азы Махар радта мидхъуыддæгты Министрады службæйæн. Пенсийы рацыд булкъоны цины. Бирæ азты архайдта рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладыл, уыд Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхасы» уæнг. Раппæлинаг у, Махарæн йæ хæдзары цы хъæздыг библиотекæ ис, уый дæр. Уарзта чиныджы кæсын. Уыимæ ма тæрхæджытыл бæрæг дарынц йæхи литературон фæллæйттæ. Ветеран ныффыста цалдæр чиныджы. Сæ бындуры, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цардвæндаджы хъæздыг биографи. Мæрзаганты Махарыл цыди 95 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania