филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
09 ноября 2021, 11:37
Йæ цардæй ахицæн Ирыстоны радиойы æмæ телеуынынады зындгонд диктор Мамсыраты Тасолтан

Дæсгай азты дæргъы йæ хъæлæс уарзон уыди нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр

Йæ цардæй ахицæн Ирыстоны радиойы æмæ телеуынынады зындгонд диктор Мамсыраты Тасолтан. Дæсгай азты дæргъы йæ хъæлæс уарзон уыди нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр. Йæ сурæт та эфиры дæр æмæ царды дæр уыд дæнцæгæн хæссинаг. Æцæг интеллигент æмæ лæгдзинады миниуджытæй хайджын. Цыди йыл 84 азы. Касаты Наирæ афæлгæст Тасолтаны цард æмæ сфæлдыстадыл, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ацы ныхæстæй Мамсыраты Тасолтан 50 азæй фылдæр телевизорты экрантæй æмæ радиойы уылæнтæй æгасцæуай дзырдта Ирыстоны цæрджытæн. Адæм æй зыдтой æмæ уарзтой. 1962-æм азы 25 аздзыд артист æрбацыди цæгатирыстойнаг телеуынынады студимæ, уыцы бон изæрæй рацыди эфирмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ ирон фарны ныхас хаста алы хæдзармæ дæр. Йе нæбафæзмгæ хъæлæс, дæнцæгæн хæссинаг ныхасыхъæд æмæ йæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад редакторты æмæ телеуынынадмæ кæсджыты зæрдæты арф банат бацахстой.

70-йæм æмæ 80-йæм азты Мамсыраты Тасолтан активонæй куыста Цæгат Ирыстоны радиойы фонотекæйæн бындур сæвæрыныл. Йæ хъæлæсæй зæлынц ирон фысджыты уацмыстæ, адæмон легендæтæ æмæ таурæгътæ, Тасолтаны бакастæй фидæны фæлтæртæ фехъусдзысты адæмон сфæлдыстад дæр.

Мамсыраты Тасолтан æрмæст иттæг хорз диктор нæ уыд. Адæмæн уарзон сси йæ алæмæты хъæлæс.  Гæздæнты Булаты оркестримæ кусгæйæ иу афтæ загъта –  «Æлкæддæр иу зарыдтæн фæндыры зæлтæм. Фæлæ оркестримæ кусын бынтон æндæр хъуыддаг у. Уæлдай æхсызгонд дæр та йын уыд йæ хæлар Гæздæнты Булатимæ æмархайд кæнын. Иумæ сæ бастой сæ сабийы бонтæ. Тасолтан йæ куыстмæ касти бæрнон цæстæй. Йæхицæн чысыл рæдыд дæр нæ хатыр кодта. Йе мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Тасолтанимæ кусын æхсызгон уыд.

Тасолтанæн йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Хуссар Ирыстоны драмон театры. Уым дæр йæ фæстæ ныууагъта æнæбафæзмгæ фæд.

Æвæццæгæн нæ республикæйы ахæм адæймаг зын ссарæн у, Тасолтаны ирд хъæлæс чи нæ зоны. Æнусы рдæгæй фылдæр æй æнæвгъауæй лæвар кодта  нæ республикæйы радиомæ хъусджытæн æмæ телевизормæ кæсджытæн. Аив æмæ цæстуарзон адæймаг, интеллигент, дæнцæгæн хæссинаг. Цæгатирыстойнаг радиойы æмæ телеуынынады фыццаг диктор. Республикæйы адæмон артист, куырыхон зондамонæг, зæрдæхæлар æмбал æмæ æцæг адæймаг. Ахæмæй Мамсыраты Тасолтан баззайдзæн адæмы мысинæгты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania