филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:37 пятница, 05 декабря 2025
02 декабря 2025, 10:33
Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæргæсты Дзамболат

Мæскуыйы, зындгонд Борис Щукины номыл театралон институты рауагъдон, 50 азы онг балæвар кодта ирыстойнаг сценæйæн

Уæззау хъусынгæнинаг. Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон артист, нæ республикæйы цæрджыты уарзондæр актер Цæргæсты Дзамболат. Мæскуыйы, зындгонд Борис Щукины номыл театралон институты рауагъдон, 50 азы онг балæвар кодта ирыстойнаг сценæйæн. Зæрдиаг лæггад фæкодта Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театрæн. Уæлдай тынгдæр аивадуарзджыты зæрдæмæ фæндаг ссардта Цолайы роль. Спектакль «Цола» ныр дæр у уарзондæр постановкæтæй иу. Хаст æрцыд Ирыстоны аивады хæзнадонмæ. Уый фæстæ уыдысты бирæ æндæр спектакльтæ дæр. Цæргæсты Дзамболат ма ахъазыд цалдæр кинонывы. Се хсæн – цæгатирыстойнаг кинематографы сызгъæрин фонды кинолентæтæ: «Ах, любовь», «И оглянулся путник», «Буйный Терек», «Рудник». Цæргæсты Дзамболатыл цыди 81 аз. Фæстаг кадгæнæн мадзæлттæ йын арæзт æрцæудзысты абон Ирон театры кæрты 12 сахатыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania