филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
07 ноября 2024, 10:34
Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны телеуынынады символ Дудиаты Владимир

Ацы дæсныйадæн балæвар кодта 60 азы бæрц

Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны телеуынынады символ, се ппæтæн уарзон диктор Дудиаты Владимир. Ацы дæсныйадæн балæвар кодта 60 азы бæрц. Зæгъæн ис, æмæ уыд Ирыстоны алы бинонты уæнг дæр. Владимир уыд Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист. Хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны Намысы» стæй «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæй. Фæлæ йын æппæт хæрзиуджытæй зынаргъдæр уыдысты адæмы уарзондзинад æмæ æнæкæрон кад. Дудиаты Валодяйы йæ фæстаг фæндагыл арвитыдзысты абон…

Телеуынынадмæ алы кæсæгæн дæр ахæм зонгæ «Æгас цæуай»… 60 азмæ хæстæг æмбырд кодта экранты раз республикæйы цæрджыты. Аив бакаст æмæ фæлмæн хъæлæс. Дудиаты Владимиры уынд æлвæста йæхимæ, йæ алы дзырд дæр агайдта зæрдæйы. Телеуынынадмæ кæсæг уарзта йæ амонæджы. Уый йæхæдæг дæр æмбæрста уыцы уарзондзинад æмæ йын аргъ кодта стыр хæзнайау.

100-гай сахæттæ комкоммæ эфиры, мингай ног хабæрттæ хъусынгæнæг. Телеуынынадæн йæ цард кæй снывонд кодта, ууыл  фæсмонгонд никуы фæци. Зындгонд Ирон къубырымæ Дудиаты Владимир æрбацыд 1963 азы. Уæд разы уыд цавæрфæнды куыстыл дæр. Кæцæй æнхъæл уыд, хъысмæт ын экраны стъалы, фæстæдæр та – йæ фыццаг къахдзæфтæ журналистикæйы чи кодта, уыцы фæсивæды зондамонæг суæвыны фæндаг кæй равзæрста, уый.

Дард ивгъуыд азты – фельдшер, йæ бон уыд йæ цард медицинæимæ бабæттын, фæлæ цы фæндаг равзæрста, ууыл цæугæйæ дæр адæмы зæрдæтæ дзæбæх кодта – æхсызгондзинад сын хаста йæ зæрдиаг куыстæй. Царды та-иу иунæг хатт дæр Дудиаты Владимиримæ чи аныхас кодта, уыдон-иу ын йæ хæлар ахаст æнæ æмбаргæ нæ фесты.

Телеуынынадмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы нæ мынæг кодта иу уысм дæр. Дудиаты Владимир алы равдыстмæ дæр йæхи бæстон цæттæ кодта. Йæ фæллад уадзыны рæстæг та æдзух æхсызгонæй мысыд йæ уарзон куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania