филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:27 суббота, 31 января 2026
07 декабря 2022, 11:35
Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Сурен

50 азы онг балæвар кодта Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театрæн

67 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Сурен. Мæскуыйы Щепкины номыл театралон училищæйы рауагъдон æвæстиатæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæмæ. Фыццаджыдæр йæхи бауарзын кодта куыд киноактер. Фæстæдæр та сси Ирыстоны театралон аивады ирддæр стъалытæй иу. 50 азы онг балæвар кодта Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театрæн. Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ. Ныр йе стъалы ахуыссыд… Хуыгаты Сурены цардвæндагыл афæлгæст нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Адæм уарзаг æмæ фæлмæн зæрдæйы хицау. Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Хуыгаты Сурен. Йæ ирд курдиат æмæ аив бакастæй ссардта адæмы зæрдæтæм фæндаг. Щепкины номыл театралон училищæйы студент 80-йæм азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уæдæй фæстæмæ куыста ирон театры æмæ йæ бирæ фæлгонцтæй хъæлдзæг кодта аивад уарзаг адæмы. Йе мкусджытæн уыд зондамонæг æмæ фæзминаг артист. Йемæ иу сценæйы чи бакуыста, уыдон сæхи нымайынц амондджын адæмыл. Уыдонæй иу – Уалыты Гиви.

Уалыты Гиви, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры аивадон разамонæг: «Хуыгаты Сурен ирон аивадæн цы лæггад бакодта, уый йæ куыстытæй у бæрæг. «Сау нымæт»-ы иумæ хъазыдыстæм 14 азы. Æз мæхи амондджыныл нымайын, Суренимæ иу сценæйы кæй уыдтæн, уый тыххæй».

Зæгъæн ис уый, æмæ Хуыгаты Сурен сценæйæн снывонд кодта æнусы рдæг. Равдыста уырыссаг, ирон æмæ ма фæсарæйнаг классикæ дæр. Дæсны артистæн бантыст сценæйы бæрзæндмæ схизын æмæ адæмæн йæхи бауарзын кæнын. Уæдæ йæ уарзтой йе мкусджытæ дæр. Куы сæм – иу бадзырдта фæлмæнæй «хъæбул»-зæгъгæ, уæд – иу алы артисты дæр бафæндыд хуыздæр равдисын йæ хъайтары сурæт.

Уалыты Гиви, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры аивадон разамонæг: «Сурен у ахæм адæймаг, кæцы ирон театры архайджытæй алкæй дæр хуыдта «хъæбул». Дзырдта нæм-иу рауай ма, хъæбул, куыд дæ, хъæбул. Уæдæ нын нæ аивады куыстмæ дæр уыдис тынг лæмбынæг. Зын ын уыд куысты мидæг искæй фæхъыг кæнын. Актерæн йæ зæрдæ дæр радтаид».

Сурен уыд республикæйы уарзондæр артисттæй иу. Арæхстджынæй равдыста Ибрагимы фæлгонц поэмæ «Фатимæ»-йы, Максим Горькийы пьесæ «На дне» Васька Пепелы æмæ бирæ æндæрты. Уæдæ хицæн ныхасы аккаг у – Хуыгаты Георы пьесæ «Сау нымæт». Хуыгаты Сурен дзы ирдæй сарæзта бирæгъ Чобры фæлгонц.

Губиаты Хъазыбег, УФ-йы сгуыхт артист, РЦИ-А адæмон артист: «Сурен уыдист тынг хорз адæймаг. Адæймаджы иу куы федта, уæд та йæм иу сдзырдта хъæбул, зæгъгæ. Уæдæ куыд актер, афтæ дæр ын æмбал нæ уыдис. Зын у, ме взаг æй кæрдгæ дæр нæ кæны, Сурен нал и зæгъын. Баззадысты йæ сурæттæ æмæ сыл куы афæлгæсæм, уæд æй иууылдæр фендзыстæм, бирæ кæй сты, уый. Ранымайæн дæр сын нæй. Кæдæм цæуы, уым рухс дзæнæты бадæд».

Хуыгаты Сурен ног хъайтары фæлгонцтæ ахуыр кæнгæйæ гыццыл сывæллонау тыхст куыд йæхи хъайтарыл, афтæ æппæт архайджытыл дæр. Уымæ гæсгæ ирон театры ирд стъалы кæддæриддæр цæрдзæн адæмы зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania