Зындгонд сты æнæхъæн дунейы, уæдæ ма у, Цæгат Ирыстоны телеуынынады студийы кæй систой, уыцы кинонывты музыкæйы автор дæр
Йæ цардæй ахицæн зындгонд дагестайнаг композитор, Советон Цæдисы адæмон артист, фæллойы хъæбатыр Мурад Кажлаев. У Дагестаны гимны музыкæйы автор. Уымæй дарддæр ма ныффыста сæдæгай музыкалон уацмысы. Зындгонд сты æнæхъæн дунейы. Уæдæ ма у, Цæгат Ирыстоны телеуынынады студийы кæй систой, уыцы кинонывты музыкæйы автор дæр. Иу дзырдæй – æцæг маэстро. Мурад Кажлаевыл цыди 92 азы. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Алы нотæ дæр йæ удæй чи æнкъардта, ахæм адæймаг. Мурад Кажлаев æндæрхуызон нæ зыдта. Аивадыл-иу ныхас куы рацыд, уæд-иу æй иннæ хъуыддæгтæ айрох сты. Афтæ тынг уарзта йæ куыст. Зындгонд композитор царди музыкæйы сæраппонд. Уыцы æнкъарæнтæй парахатæй хайджын кодта йе мкусджыты дæр. Уыдон та стыр кадыл нымадтой, ахæм мастеримæ кусын.
Мурад Кажлаевы музыкæ зæлы, Цæгат Ирыстоны телеуынынады студийы режиссер Рафаэль Гаспарянц кæй систа, уыцы аивадон кинонывты: «Кольцо старого шейха», «По следам Карабаира» æмæ æндæрты. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй гæнæн алцæмæндæр ис. Æвæццæгæн, уымæн сси æнæхъæн эпохæйы символ. Йæ ном иу рæнхъы лæууы Расул Гамзатовимæ. Адæмон поэтимæ йæ бирæ хъуыддæгтæ бæттынц. Сты сæ райгуырæн æмæ уарзон республикæ – Дагестаны гимн саразджытæ. Мурад Кажлаев æгæрон уарзтæй уарзта райгуырæн Дагестан. Раст музыкæ куыд уарзта, афтæ. Йæ хъуыдыты æмæ бæллицты дæр уыди музыкæ.
Симфони, балет, мюзикл, романстæ… Мурад Кажлаевы репертуары сæдæгай музыкалон уацмысы. Æмæ алкæцыйы дæр композитор бавæрдта йæ уд. Уæвгæ йæ курдиат раргом, хæрзчысыл ма куы уыди, уæд. Аивад кæй зæрдæйы бацыд, уый йæ лæвар кодта се ппæтæн дæр. Фæстæдæр та йæ курдиатимæ базонгæ кодта æнæхъæн дуне.
Курдиатджын, зондджын, æнувыд. Йæ царды сæйрагдæр хъуыддаг – музыкæйыл. Уыцы уарзондзинад композитор никуы рох кодта.
Мурад Кажлаев уыцы курдиат сæххæст кодта. Йæ алы уацмыс дæр сси аивадуарзæгмæ ныстуаны хуызæн. Уыцы ныстуан цыди зæрдæйæ. Уымæ гæсгæ кæддæриддæр уыд рæсуагъд æмæ зæрдæмæдзæугæ.
