филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:42 суббота, 31 января 2026
02 сентября 2025, 10:33
Йæ цардæй ахицæн зындгонд политикон архайæг, ахуыргонд æмæ педагог Хъуысаты Таймураз

Алы азты лæууыд хицаудзинады оргæнты сæргъы

Йæ цардæй ахицæн зындгонд политикон архайæг, ахуыргонд æмæ педагог Хъуысаты Таймураз. Алы азты лæууыд хицаудзинады оргæнты сæргъы. Се хсæн – национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты, стæй ахуырады æмæ наукæйы министрадты сæргъы. 1998-æм азæй 2006-æм азы онг уыд, гуырдзиаг-ирон быцæу банывыл кæныны æмхæццæ цæстдарæн къамисы хыгъды. Разамынд лæвæрдта цæгатирыстойнаг хайæн. Таймуразы хæстæджжытæн æмæ хиуæттæн тæфæрфæс ракодта республдикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд загъта, афтæмæй Хъуысаты Таймураз кæддæриддæр активонæй архайдта ахсджиагдæр фарстатæ лыг кæныныл, арф æнкъардта политикон процесстæ. Аргъ ын кодтой йæ хæрзæгъдауы æмæ зондахасты тыххæй. Чи йæ зыдта, уыдон æмбæрстой, куыд зæрдæхæлар адæймаг уыд, уый. Хъуысаты Таймуразы хæстæджытæн тæфæрфæсы тел æрбарвыста зындгонд политик, Цæгат Ирыстоны раздæры президент Дзасохты Алыксандр. Куыд загъта, афтæмæй Таймураз стыр æвæрæн бахаста нæ республикæйы рæзтмæ. Йæ ном баззайдзæн Ирыстоны историйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania