филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
02 февраля 2021, 12:39
Йæ уарзон хъуыддагыл кусы Торчынты Альбинæ

Йæхи къухтæй аразы нымæтæй конд дзаумæттæ

Йæ уарзон хъуыддагыл кусы Торчынты Альбинæ. Йæхи къухтæй аразы нымæтæй конд дзаумæттæ. Рог æмæ æддаг уæлæдарæс, худтæ æмæ ма суанг къахыдарæс дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нымæтæй дзаумæттæ æрмæст аив не сты, фæлæ ма æнæниздзинадæн пайда дæр. Адæймаджы хъæздыг удыхъæд ирдæй кæм зыны, уыцы дзаумæттæ федта не сфæлдыстадон къорд дæр.

Торчынты Альбинæйæн нымæты куыст кæнын йæ уарзон хъуыддаг сси 10 азы размæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æрмдæсныйады ацы хуыз базыдта интернетæй.

Уал азмæ скодта бирæ цымыдисаг дзаумæттæ. Рог æмæ æддаг уæлæдарæс, худтæ æмæ ма суанг къахыдарæс дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нымæтæй дзаумæттæ æрмæст аив не сты, фæлæ ма æнæниздзинадæн пайда дæр.

Торчынты Альбинæ йæ ахуыргæнинæгтæн æнæвгъауæй дæтты йæ зонындзинæдтæ. Сæ иу Хъуылымбегты Махъвалæ. Райгуырд æмæ схъомыл Тбилисийы. Ныртæккæ стыр цымыдисæй ахуыр кæны, цыдæриддæр Ирыстонимæ баст у, уый. Нымæты куыст кæнын ын у ног. Æмæ йæ архайы иттæг хорз базоныныл. Цæмæй нымæты куыст кæнын базонай, уый тыххæй адæймаджы уæлдæр технологитæ, кæнæ та сæрмагонд ахуырад исын нæ хъæуы. Дыууæ-æртæ ахуыры, стæй зæрдиаг фæндон æмæ алцыдæр къухы бафтдзæн. Уый та æрмæст зæрдæйæн æхсызгондзинад нæ хæссы, фæлæ ма æфтиаг дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania