филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
28 мая 2024, 12:15
Йæ юбилей бæрæг кæны Хъайтыхъты Тамарæ

Тамарæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æнусы рдæгæй фылдæр кæны активон куыст, уыимæ нæ хъуыды кæны, исуы æгуыст уыди, ахæм рæстæг

Ацы бонты йæ юбилей бæрæг кæны Хъайтыхъты Тамарæ. Стыр æмæ зæрдæхæлар зæрдæйы хицау, куыстуарзаг æмæ рæстдзæвин адæймаг. Ацы аз ма бæрæг кæны йæ фæллойадон фæндаджы 55 азы дæр. Тамарæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æнусы рдæгæй фылдæр кæны активон куыст, уыимæ нæ хъуыды кæны, исуы æгуыст уыди, ахæм рæстæг. Йæ разамындæй ныр дæр арæзт цæуы бирæ патриотон мадзæлттæ. Хъайтыхъты Тамарæимæ фембæлдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Цы æнкъарæнгтæ сæм баззад, уыдоны тыххæй  радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сæ ирд æмæ алывæрсыг цардæй бирæтæ нæ раппæлдзысты. Хъайтыхъты Тамарæйы æхсæнадон куыстæн нæй арæнтæ. 55 азы  – йæ фæллойадон фæндаг. Æнæнымæц æнтыстытæ ахуырады, патриотон æмæ æхсæнадон куысты. Нымайæн  сæ ис дардæр дæр.  Цæмæ нæ бавналы Тамарæ: йæ алы хъуыддаг дæр – зæрдæмæдзæугæ.

Адæймаджы хуыздæр æууæлтæТамарæ банкъардта  ногдзауты организацийы кусгæйæ. Йæ царды девиз  у –  «Райгуырæн зæххмæ уарзондзинад, хæлардзинад æмæ рæстдзинад адæмимæ кусгæйæ».  Ахæм ахаст ын ис алы хъуыддагмæ дæр.

Тамарæ сарæзта нæ республикæйы фыццаг  уæлæмхасæн ахуырады æмæ хъомылады куыстуат   «Ацæмæз». Рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ, скъоладзаутæ, студæнттæ – ам æртæ минæй фылдæр ахуыргæнинаджы райстой хъæугæ зонындзинæдтæ. Йæ алы куыст дæр – йæ уарзон республикæйы рæзтæн.

Тамарæ Габоевна уæлдай цæстæнгас дары фæсивæды хъомыладон куыстмæ. У – бирæ мадзæлттæ аразæг. «Мир вашему дому», «Старожилы города», «Ты владикавказец», «Город-селу», «Встать в строй», «Судьба и Родина едины». Йæ алы проект дæр царды уагъд цæуы æфсæддон æмæ æхсæнадон организацитимæ æмгуыстгæнгæйæ.

Æхсæнадон советы секретарь, национполитикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры уынаффæгæнæг, адæмты хæлæрдзинады Хæдзары разамонæджы хæдивæг – уый  Тамарæ  тыххæй.  Бирæ азты архайы  цæрджыты риссагдæр фарстатæ лыг кæныныл.  Хæлардзинад парахат кæны нæ республикæйы адæмты *хсæн .  Йæ хъæппæрисæй арæзт цæуынц алыхуызон фестивальтæ æмæ равдыстытæ. Йе сфæлдыстадон къæбиц у æнæбын. Йæ юбилейы фæдыл Тамарæйæн  арфæтæ кæнынц æрмæст йе *мкусджытæ нæ. Зæрдæйæн æхсызгон сты зæххы къорийы алы рæттæй йæ хæлæртты æмæ зонгæты фæлмæн ныхæстæ.

Æнæкæрон уарзт кæны цард, у æцæг патриот. Йæ тыхтæ æнæвгъауæй лæвар кæны нæ республикæйы рæзтæн. Тамарæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй амонджынæй сæмбæлд йæ юбилейыл. Разæй та ног фæндтæ, ног бæллицтæ æмæ ног æнтыстытæ…

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania