филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:50 воскресенье, 01 февраля 2026
17 февраля 2022, 11:25
Йæ юбилей бæрæг кæны композитор, дирижæр, æхсæнадон архайæг Махъоты Ацæмæз

Йæ бирæ ахуырдзаутæ та йын дæттынц хъару дарддæр сфæлдыстадон куыст кæнынæн

Ирыстоны аивады къæбицмæ æгæрон æвæрæн чи бахаста æмæ хæссы, уыдоны хсæн ис Уæрæсейы аивæдты сгуыхт кусæг, композитор  Махъоты Ацæмæз. Йæ фыст уацмыстæ сты бирæвæрсыг æмæ æнцон æмбарæн. Йæ бирæ ахуырдзаутæ та йын дæттынц хъару дарддæр сфæлдыстадон куыст кæнынæн. Куыдæй сæмбæлд йе 65 азы юбилейыл Махъоты Ацæмæз, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.

«Ноктюрн» маэстройæ. Махъоты Ацæмæзы ацы уацмыс у æрыгон пианистты уарзондæртæй иу. Хъуысынц дзы, авторы зæрдæмæ хæстæг æнкъарæнтæ музыкæйы хуызы. Абон сæ адæммæ фæхæццæ кæныныл архайы Тезиаты Изæбеллæ. Чайковскийы номыл музыкалон скъолайы хъомылгæнинагæн бантыст маэстройы амынддзинæдтæй фæхайджын уæвын.

Ацæмæзы иннæ ахуырдзау Битарты  Максим дæр ацагъта, Махъоты Ацæмæзы уацмыстæй йæ зæрдæмæ хæстæгдæр кæцы у, уый. Максимы ныхæстæм гæсгæ, Ацæмæзы композицитæ æнцон аразæн сты, йæ  аивад, уымæй хицæн кæны.

Йæ ном рагæй дæр у музыкæйы синоним. Йæхæдæг та æппæты зындгонддæрты номхыгъды. Уæвгæ сахуыр фæрсырдыгæй уæздан лæууыныл. Зын бауырнæн у – сывæллонæй курдиатджын композиторæн пианинойыл цæгъдын зын кæй уыд, уый. Уацмыстæ репетици кæнгæйæ, йæ хъуыдыты та кæрты лæппутимæ хъазыд пуртийæ. Уый фæстæ йæ фæндыд дохтыр суæвын.  Фæлæ йæ мады бæллиц царды йæ бынат ссардта. Цæмæй Ацæмæз музыкалон скъолайы ахуыр кæна, уый тыххæй сæ бинонтæ сæ цæрæнбынат баивтой – Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ. Ныр зындгонд композитор у ахуыргæнæндоны хорз хæлар.

Дыууæ консерваторийы – Ленинграды, æмæ  Ереваны рауагъдон ныффыста бирæ уацмыстæ. Зоны музыкæйы фæрцы адæймаджы уд райдзаст æнкъарæнтæй байдзаг кæнын. Ацы аз Махъоты Ацæмæз фæнд кæны, аивадуарзджытæм йæ ног сфæлдыстадон уацмыс фæхæццæ кæнын.  Куыд зæгъы, афтæмæй йæ карздæр  критик  уыд йæ мад, абон дæр фыссы уымæн.

Махъоты Ацæмæзы филармонимæ æрбахуыдта зындгонд Уататы  Бимболат. Уæдæй фæстæмæ, композитор куыд зæгъы, афтæмæй бафтыд симфонион музыкæйы уацары.

Йæ юбилейы Махъоты Ацæмæз исы арфæтæ йæ ахуырдзаутæй. Сæ иу Макар Куликов. Маэстро йæхæдæг йæхи хоны лæппуйы  зондамонæг. Базонгæ сты, лæппуйыл 5 азы куы цыд, уæд. Сывæллæттæм Ацæмæз дары уæлдай зæрдæйы ахаст.

Уыдон та йæм хæццæ кæнынц сæхи лæвæрттæ. Макаримæ сæ сюрприз авторæн  бацæттæ кодтой Гулунты  Матвей, Сергей Багаури æмæ  Басаты  Оскар.

Махъоты Ацæмæзæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг.  Номылдарæн сахат ын йæ номæй балæвар кодта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Композиторы уацмыстæ нымад сты, аргъ кæмæн нæй, ахæм Ирыстоны композиторты скъолайы хæзнатыл.  Йæ фыст музыкæ сызгъæрин æндахæй цæгтæ исгæйæ  адæмы зæрдæты уадзы нывæфтыдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania