филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:51 вторник, 16 декабря 2025
30 июля 2024, 12:20
Йæ юбилей бæрæг кæны Советон Цæдисы символтæй иу – Джызæлдоны ГЭС

Æххæст ыл кæны 90 азы

Йæ юбилей бæрæг кæны Советон Цæдисы символтæй иу – Джызæлдоны ГЭС. Æххæст ыл кæны 90 азы. Уый кадæн гидроэлектростанцæйы арæзт æрцыд бæрæгбоны мадзал. Джызæлдоны ГЭС аразын райдыдтой 1927-æм азы. Скуыста 1934-æм азы æмæ бындур сæвæрдта Цæгат Ирыстоны гидроэнергетикæйы райрæзтæн. Ахадгæйæ архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дæр. Уæлахизмæ стыр æвæрæн бахаста. Разæй ма бирæ фæндтæ. Хæстæгдæр азты модернизацигонд æрцæудзæн æмæ дарддæр æххæст кæндзæн, цы ахсджиаг хæстæ йыл æвæрд ис, уыдон. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Гаглойты Солтан у Джызæлдоны ГЭС-ы ветерантæй иу. 28 азы кусы электрон тыхдæттæн къабазы. Зæгъæн ис, æмæ Гаглойты Солтан у, абон алкæйы хæдзары дæр рухс кæй фæрцы ис, уыдонæй иу. Йæ дæсныйадмæ уарзондзинад æм уыд цард-цæрæнбонты. Æмæ ныры онг дæр цымыдисæй дзуры станцæйы куысты тыххæй.

Ахæм нысанимæ хистæр кусджыты фарсмæ фæллой кæнынц æрыгон специалисттæ дæр. Машинист Дзгойты Зауыр гидроэлектростанцæйы дуне йæхицæн байгом кодта 6 азы размæ. Йæ фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæны æмæ уыцы-иу рæстæг йæ фæндтæ æххæст кæны сфæлдыстады дæр. Зауыр йæ тыхтæ фæлвары режиссурæйы.

Джызæлдоны ГЭС у Цæгат Кавказы фыццаг гидроэлектростанцæ æмæ Советон Цæдисы æппæтæй бæрзондæфсæрстдæр. Йæ истори райдыдта иу зæрдæхæлар æмæ цымыдисаг адæймагæй. Æрхъуыдыгæнæг Баймæтаты Цыппуйы зæрды уыдис царды рауадзын, фыццаг бакастæй, цыма сæххæст кæнын кæмæн нæй, ахæм фæнд – æхсæрдзæн Пуртæй спайда кæнын куыд энергийæн бакуыстæн тыхæй. Станцæ кусын райдыдта 1934-æм азы æмæ бындур сæвæрдта Цæгат Ирыстоны гидроэнергетикæйы райрæзтæн. Йæ куыст не *рлæууыд суанг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр. Стыр æвæрæн бахаста Уæлахизмæ. Хæсты азты электрон тыхæй æххæст кодта æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Грознайы нефты цъасстæ дæр. Фашисттæ объектмæ бабырсыныл бирæ хæттыты архайдтой, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд.

Хæрзхъæд конд кусæнгæрзтæ фæлæггад кодтой 3 нормативон æмгъуыды. Рагондæр ГЭС, куыд 90 азы размæ, афтæ абон дæр æххæст кæны йæ сæйраг хæс – æххæст кæны электрон тыхæй. Ныртæккæ станцæтæ иугонд сты иумæйаг энергетикон системæйы. Уый йæхæдæг уаргъæвæрд уары пайдагæнджытыл.

ГЭС-ы æххæст модернизаци нысангонд у 2027-æм азмæ. Уый фæрцы станцæйы гæнæнтæ фæахадгæдæр уыдзысты, æмæ дарддæр æнтыстджынæй æххæст кæндзæн, цы ахсджиаг хæстæ йыл æвæрд ис, уыдон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania