Мæздæджы районы культурæйы Галуанмæ артисттæ æрбахуыдтой хъазахъхъаг культурæ уарзджыты, Дзæуджыхъæуы сфæлдыстадон коллективты
Йæ юбилей сбæрæг кодта Паддзахадон ансамбль «Казаки Терека». Сæххæст ыл 10 азы. Мæздæджы районы культурæйы Галуанмæ артисттæ æрбахуыдтой хъазахъхъаг культурæ уарзджыты, Дзæуджыхъæуы сфæлдыстадон коллективты. Уыди сæм уазджытæ Стъараполы æмæ Краснодары крайтæй, стæй Хъалмыхъы республикæйæ. Коллективæн йæ юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæтæ ракæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус. Коллективы архайджытæн радта кады гæххæттытæ, стæй министрады номæй арфæйы фыстæджытæ. Ацы бон ма ансамблы коллективæн раарфæ кодтой Мæздæджы æмæ районы разамынды минæвæрттæ, стæй республикæйы хъазахъхъаг æмæ æхсæнадон организациты уæнгтæ. «Казаки Терека»-йы артисттæ зарынц патриотон, æфсæддон, лирикон æмæ хъæлдзæг зарджытæ. Ансамблы репертуары ис 150 уацмысæй æмæ композицийæ фылдæр. Уымæй дарддæр ма артисттæ иртасынц рагон, æмæ рохуаты чи аззади, ахæм мотивтæ. Уый та фадат дæтты хъазахъхъæгты традицитæ фылдæр æмæ парахат кæнынæн.




