Суанг уæд фидæны скульптор бамбæрста, скульптурæтæ аразын кæй у дæргъвæтин, лæмбынæг, фæлæ тынг цымыдисаг процесс. Абон дæр ис йæ куысты уæлхъус.
Абон йе 80 азы юбилей бæрæг кæны Уæрæсейы
Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны Адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал. Аивад у йæ
царды æнæивгæ хай, йæ сабибонтæй фæстæмæ. Суанг уæд фидæны скульптор бамбæрста,
скульптурæтæ аразын кæй у дæргъвæтин, лæмбынæг, фæлæ тынг цымыдисаг процесс.
Абон дæр ис йæ куысты уæлхъус. Йе рмæдз ын бабæрг кодта не сфæлдыстадон къорд.
Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Иу æндзæвд иннæйы фæдыл. Раст цыма йæ
ног бæллиццмæ уæндон къахдзæфтæ кæны, уыйау. Хуымæтæг цæттæгæнæн куыст нæ цæуы,
фæлæ зæрдæ æмæ миддуне сыгъдæггæнæн ритуал. Æмæ уымæн хъыгдарæн нæй. Кæд æмæ дæ
райгуырæн бон у, уæддæр.
Сфæлдыстад у æнæрлæугæ процесс, зæгъы Уæрæсейы
Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны Адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал. Аивад йæ
царды æнæивгæ хай у йæ сабибонтæй фæстæмæ. Йæ фыд æмæ йæ фыдыфсымæр æлыг æмæ хъæдæй арæзтой хъазæнтæ. Суанг уæд
фидæны скульптор бамбæрста, скульптурæтæ аразын у дæргъвæтин, лæмбынæг, фæлæ
тынг цымыдисаг процесс. Дзбойты Михал зындзинæдтæй никуы тарсти. Хъуыстгонд
скульптор Едзиты Сослæнбегимæ фембæлд та йын йæ ныфсыл ныфс бафтыдта. Афтæмæй
ахуыр кæнынмæ бацыд Суриковы номыл аивадон институтмæ.
Цуанæтты бардуаг Æфсати, Фыдыбæстæйы
Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы ахуыргæнджытæн æмæ студенттæн цыртдзæвæн Цæгат
Ирыстоны паддзахадон университетæй. Цæнгæт
хиды стайтæ. Абоны бонмæ скульпторы сфæлдыстадон хæзнадоны ис 100 куысты онг.
Монументалон æмæ æндæр хуызты скульптурæтæ систы Дзæуджыхъæуы æмæ, æмтгæй райсгæйæ,
нæ республикæйы номгæнæг уацмыстæ. Алкæцы дæр – хицæн ныхасы аккаг. Æвдисы дзы
йæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинад. Скульптор æмæ ахуыргæнæг Дзбойты Михал 35 азы
балæвар кодта Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйæн. Ирон скульптурæйы мэтр схъомыл
кодта курдиатджын æрмдæсныты цалдæр фæлтæры.
Абон дæр Дзбойты Михалы куыстытæм бирæтæ
æнхъæлмæ кæсынц. Кæронмæ фæхæццæ кæны Советон Цæдисы Хъæбатыр Доййаты Давиды
цыртдзæвæн. Æрмадзы лæууы ныр 12 азы. Хъамбердиаты Мысосты скульптурæ дæр Дзæуджыхъæуы уынгтæм нал æмæ нал хæццæ кæны.
Чи зоны, æмæ ацы юбилейон аз Дзбойты Михалæн бантысдзæн ацы куыстытæн æмбæлгæ кæрон
скæнын.
Фидараты Маринæ, Елойты Оксана




