филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
27 января 2021, 12:57
Йе 80 азы юбилей сбæрæг кодта адæмон поэт, фыссæг æмæ драматург Ходы Камал

Ирон дзырды дæсныйы сфæлдыстады ахадындзинад ирон адæмæн у æгæрон

Йе 80 азы юбилей сбæрæг кодта адæмон поэт, фыссæг æмæ драматург Ходы Камал. Ирон дзырды дæсныйы сфæлдыстады ахадындзинад ирон адæмæн у æгæрон. Ирдæй дзы зыны райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ æмæ йæ алыварс адæммæ уарзондзинад. Ходы Камал у Цæгат Ирыстоны гимны автор. Йæ сисы бынæй рацыди 10 чиныгæй фылдæр. Йæ уацмыстæ йын мыхуыр кодтой «Молодая гвардия», «Современник» æмæ Мæскуыйы æндæр рауагъдадтæ. Ирон æвзаг бахъахъхъæнынмæ æмæ национ литературæ парахат кæнынмæ Камал цы æвæрæн бахаста, уымæн аргъ нæй. Йæ курдиат у алывæрсыг. Дунейы зындгонд классикты уацмыстæ ратæлмац кодта ирон æвзагмæ. Уый йæ къухы бафтыди авторы къухфыст ма аивгæйæ. Ходы Камал у республикæйы уæлдæр хæрзиуæг – Ирыстоны Намысы майданы хицау.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania