филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:01 четверг, 10 июля 2025
16 июня 2014, 11:54
Йе `фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны номыл Карцайы æфсæддон хайады байгом мемориалон комплекс

Хъæбатырты мысгæйæ. Йе `фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны номыл Карцайы æфсæддон хайады байгом мемориалон комплекс. Цыртдзæвæны мыхуыргонд сты, йæ

Йе `фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны номыл Карцайы æфсæддон хайады байгом мемориалон комплекс
Хъæбатырты мысгæйæ. Йе `фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны номыл Карцайы æфсæддон хайады байгом мемориалон комплекс. Цыртдзæвæны мыхуыргонд сты, йæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хæстонты нæмттæ. Байгом дзы Уæрæсейы хъæбатыр, ацы хайады раздæры салдат Вадим Ермаковы номарæн цыртдзæвæн, стæй æфсаддон хайады хæстон фæндаг æвдыст кæм цæуы, ахæм цыртдзæвæн дæр.

Мемориалон комплекс гом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Афганистаны æмæ хайады ветерантæ, 45-æм бригады, Карцайы бынæттон администрацийы разамонджытæ, æдзард хъæбатыр хæстонты хæстæджытæ. Ссардтой сын сæ рухс нæмттæ æмæ мемориалон цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Ацы хайады 200 æфсæддонæй фылдæр хорзæхгонд æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй, уыдонæй 84 сæ амæлæты фæстæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania