филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
25 июня 2025, 10:35
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æмбæлгæ уавæртæ аразыныл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ радзырдта, инвалидтæн профессионалон ахуырады уавæрты тыххæй

Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æмбæлгæ уавæртæ аразыныл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ радзырдта, инвалидтæн профессионалон ахуырады уавæрты тыххæй. Инклюзивон ахуырад ныртæккæ у раззагдæр къабæзтæй иу. Фæстаг азты парахат кæны змæлд «Абилимпикс». Æмбырды ма бæстон æркастысты, инвалидты реабилитацийы техникон фæрæзтæй ифтонг кæныныл. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Абайты Юрий æркæсынмæ бахаста, республикæйы куыстуæтты æмæ организациты хыгъд сфидар кæнын. Уыдон хъуамæ дзуапп дæттой инвалидты социалон æмæ фæллойадон уавæртæн. Байхъуыстой ма куырмыты республикон библиотекæйы архайды хатдзæгтæм. Æмбырды кæронбæттæны Дзанайты Барис радта бæлвырд амынддзинæдтæ, инвалид-рауагъдонтæн куысты бынæттæ цы куыстуæттæ дæттынц, уыдонæн æххуыс кæныны фæдыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania