27 августа 2024, 11:07
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы æвзарæн бартæ æххæст кæныны фарстатыл æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы профилон кусæг къорды æмбырды
Æвзæрстытæ уыдзысты 7-æм æмæ 8-æм сентябры. Республикæйы уыдзæн 8 æвзарæн кампанийы. Къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй арæзт цæуынц æппæт уавæртæ, цæмæй йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдонæн уа сæ бон сæ хъæлæсгæнæн бартæ сæххæст кæнын. Ахæм хъæлæсгæнджытæ ацы аз уыдзæн 37 минæй фылдæр. Схъæлæс кæнын сæ бон уыдзæн куыд хайæдты, афтæ сæ хæдзæртты дæр. Хъæлæс кæныны иумæйаг бон республикæйы кусдзæн 131 хайады, уыдонæй 14 – адæм рæстæгмæ кæм вæййынц, ахæм бынæтты. Муниципалитетты хæс у, хайæдтæ сæххæст кæнын пандустæй, хæцæнтæй, къамисты та – сæрмагонд хъæлæс кæныны процесс æнцонвадат скæнын.
темæмæ гæсгæ




