филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:44 пятница, 17 мая 2024
02 ноября 2021, 11:02
Йе сфæлдыстадон архайды 60 азы юбилей бæрæг кæны Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг Кокайты Таймураз

Уыцы мгъуыдмæ цал æмæ цал фæлтæрæн бауарзын кодта ирон уæздан кафт

 

Йе сфæлдыстадон архайды 60 азы юбилей бæрæг кæны Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг Кокайты Таймураз. Уыцы мгъуыдмæ цал æмæ цал фæлтæрæн бауарзын кодта ирон уæздан кафт. Уымæн æмæ йæ йæхæдæг дæр йæ зæрдæйы арфæй банкъардта хæрзæрыгонæй, æмæ бахауд кафты уацары. Таймураз каст фæци аивæдты училищæйы хореографион хайад. Фыццæгæм курсы студент уæвгæйæ, нысангонд æрцыд Ногдзауты Галуаны адæмон кафты ансамблы кæстæр къорды разамонæгæй. Фæстæдæр та æрлæууыд йæ сæргъы. Дæсны разамонæджы цардвæндаджы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Хæуытаты Зитæ.

Аив уæнгты конд, гуырвидауц лæппутæ æмæ чызджытæ, рæсугъд къухты  айст  æмæ къахдзæф. Адæмон кæфтыты ансамбль «Маленький джигит»-ы курдиатæн  æвдисæн уыдысты æмæ абон дæр сты æрмæст нæ республикæйы æмæ  Уæрæсейы  нæ, фæлæ ма сын сæ аивадæн, стыр аргъ скодтой æмæ  сыл  къухæмдзæгъдимæ  æмбæлыдысты фæсарæйнаг горæтты. Бирæ  хæттыты  ансамбль сси уæлахиздзау  куыд  æппæтадæмон, афтæ æппæтуæрæсеон  фестивальты.

Уæдæ цал æмæ цал фæлтæры уыдысты ацы ансамблы рауагъдонтæ…

Чысыл, фæлæ курдиатджын артистты аивады фæндагыл сывæрын, æнцон хъуыддаг нæу. Уый, фыццаджыдæр арæзгæ у ансамблы разамонæгæй. Уыцы хæс бирæ азты æххæст кæны –УФ-йы æмæ  ЦИ сгуыхт кусæг Кокайты Таймураз.

Йæхиуыл æнæауæрдгæйæ, йе *ппæт хъарутæ æмæ дæсныдзинад  лæвар кæны рæзгæ фæлтæртæн. Кæд, мыййаг уымæн æмæ йæхæдæг дæр Таймураз æвзонг лæппуйæ райдыдта кафын ам. Уымæй уæлдай, хæрзцыбыр  рæстæджы  фæстæ  ансамблимæ  архайдта Мæскуыйы декадæйы.

Дарддæр Таймуразæн йæ фæндаг уыд Дзæуджыхъæуы  аивæдты  училищæмæ  хореографион  хайадмæ. Йæ  арæхстдзинад  æмæ курдиат  æнæбафиппайдæй  нæ баззад  разамындæй æмæ 1-æм курсы  студенты  снысан  кодтой  Ногдзауты  галуаны адæмон кæфтыты ансамблы  кæстæр  къорды  разамонæгæй. Фæстæдæр  та – ансамбль «Маленький джигиты» разамонæгæй.

Куыд  раздæрау, афтæ абон дæр йæ куыст æмæ архайдæн  стыр  аргъ кæнынц  æрмæст  йæ рауагъдонтæ  æмæ  хъомылгæнинæгтæ  нæ, фæлæ ма ныййарджытæ дæр.

Мах дæр не ппæт сфæлдыстадон къордимæ иузæрдион  стæм  ацы  арфæтимæ. Кокайты Таймурæзæн  нæ  зæрдæ зæгьы бирæ азты дæ   зæрдæ  рухс  куыд  уа дæ рауагъдонтæй, дæ цард та дæхи зæрдæйы фæндиаг.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania