филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:50 вторник, 16 декабря 2025
15 июля 2014, 17:42
Кæронмæ фæхæццæ кæны Æппæтуæрæсеон акци «Бархионтæ – сывæллæттæн»-ы кæронбæттæн къæпхæн

Ацы аз дзы фыццаг хатт архайы Дзæуджыхъæу. Акцийы архайджытæ сты алыхуызон организацитæ, стæй искæй рыстмæ куыдфæндыйæ цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм. Дыууæ мæйы сывæллæттæн арæзтой ирхæфсæн мадзæлттæ, концерттæ, хъæлдзæг бæрæгбæттæ.

46049
Кæронмæ фæхæццæ кæны Æппæтуæрæсеон акци «Бархионтæ – сывæллæттæн»-ы кæронбæттæн къæпхæн.
Ацы аз дзы фыццаг хатт архайы Дзæуджыхъæу. Акцийы архайджытæ сты алыхуызон организацитæ, стæй искæй рыстмæ куыдфæндыйæ цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм. Дыууæ мæйы сывæллæттæн арæзтой ирхæфсæн мадзæлттæ, концерттæ, хъæлдзæг бæрæгбæттæ. Афтæмæй æхца сæмбырд кодтой 19 сывæллоны сдзæбæх кæнынæн. 14-æн дзы ныридæгæн баххуыс кодтой, иннæ 5 хæстæгдæр рæстæг райсдзысты хъæугæ медицинон æххуыс.
Акцийы архайы нæ телерадиокомпани дæр. Ацы сахат телеканал «Уæрæсе-24»-ы æмæ «Радио-FM»-ы уылæнтыл цæуы комкоммæ эфир. Нæ уацхæсджытæ кусынц ирон театры раз фæзы. Уым арæзт æрцыд хъæлдзæг бæрæгбон. Сывæллæтты бахъæлдзæг кæндзысты клоунтæ, цæуы концерт æмæ цымыдисаг равдыст. Фæзмæ æрбацæуын у алкæй бон дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania