филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:59 понедельник, 01 июля 2024
09 марта 2022, 13:31
Къадзаты бинонты амондыл ма бафтыд

Райгуырди сæм чызг

Æцæг бæрæгбоны лæвар. Къадзаты бинонты амондыл ма бафтыд. Райгуырди сæм чызг. Чи зоны æмæ уый диссаг никæмæ фæкæсдзæн, фæлæ иу фиппаинаг – у фынддæсæм сывæллон сæ бинонты. Ахæм æхсызгон фембæлдмæ лæппутæ æмæ чызджытæ иууылдæр иумæ цæттæ кодтой сæхи. Суанг ма арæндоны раз сарæзтой музыкалон бæрæгбон. Сæ цины æнкъарæнты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Скрипкæйы зæлтæ æмæ сывæллæтты худын. Сабитæ уардиты бастимæ æмæ уæлдæфон шартимæ. Арæндоны бæрæгбоны æнкъарæнтæ. Афтæмæй Къадзатæ æмбæлынц сæ ныййарæгыл. Æвддæсаздзыд Эсфирь йæ уарзон инструментимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын абон у уæлдай бæрнон. Сæ бинонты у æртыккаг сывæллон, ныртæккæ та æрбацыдысты фынддæсæммæ.

Авдаздзыд Виталий ацы бон у уæлдай бæрнон. Йæ къухты дидинæг, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы йæ мадыл бацин кæнынмæ. Алкæуыл дæр хицæн хæс æвæрд ис абон.

Ахæм æнæнхъæлæджы фембæлдмæ лæппутæ æмæ чызджытæ иууылдæр иумæ цæттæ кодтой сæхи. Хорз æмæ ацы бинонты аивадон курдиатæй бирæтæ фæхайджын сты. 

Йæ цины цæссыгтæ бауыромын Къадзаты Ларисæйæн нæ бантыст. Йæ цотæй сюрприз йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Уый дæр сын скодта диссаджы лæвар – кæстæр хо.

Ныр Къадзаты бинонты ис 15 сывæллоны. Нырма уал чызджытæ сты фылдæр. Уыдон сты 8 лæппутæ та 7. Бинонты хистæр Къадзаты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй алы сывæллоныл дæр бацин кодта, куыд фыццаг хатт, афтæ.

Ароныл цæуы 20 азы, у бинонты фыццаг сывæллон. Йæхи ныхæстæм гæсгæ хистæр уæвын æнцон у. Ныййарджытæн æххуыс кæнын уарзы. Ныртæккæ ахуыр кæны медицинон колледжы. Уымæй дарддæр ма цæгъды виолончелыл.

Æхсызгон мадзал сывæллæттæ бацæттæ кодтой дохтыртæн дæр. Арфæйы ныхæстимæ сын балæвар кодтой музыкалон уацмыс стæй дидинджытæ.

Медиктæ сæхæдæг ахæм бирæсывæллонджын мад фыццаг хатт уынынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй 15 сывæллоны æцæгæйдæр у ныййарæджы хъæбатырдзинад. Уыимæ ацы бинонты фаззæттæ нæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр уыд хæдзармæ æрыздæхын, æмæ де ппæт бинонтыл бацин кæнын. Æмæ куыд нæ? Къадзаты бинонты амондыл та бафтыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania