Ерыстæ цыдысты Белоруссийы
Цæгат Кавказы аграрон технологон колледжы студент Къæбысты Филипп сси профессионалон дæсныйады æппæтадæмон конкурсы уæлахиздзау. Ерыстæ цыдысты Белоруссийы. Филипп архайдта «Хъæддæсныйы куыст»-ы компетенцийы, æмæ финалы фæуæлахиз Китайы минæварыл. Æдæппæтæй конкурсы архайдтой 1000 адæймагæй фылдæр Уæрæсейæ, Белоруссийæ, хæстæг æмæ дард фæсарæйнаг бæстæтæй. Ерыс кодтой 50 компетенцийы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Хиуыл хæцгæйæ лыстæг куыстмæ цæттæ уæвын. Уый равзæрст дæсныйадæн у йæ сæйраг сусæгдзинад, зæгъы Къæбысты Филипп. Чемпионаты дæр дзы æнтыстджынæй спайда кодта. Кæд конкурсы йæ размæ æнцон хæс нæ лæууыд, æмæ кæд лæвæрд рæстæг дæр чысыл уыд, уæддæр лæппу йæ зæрдыл цы сусæгдзинад дардта, уый йын хорз æххуыс фæцис æмæ рамбылдта 1-аг бынат.
Конкурсы рæстæг бацæттæ кæнын хъуыдис хъæдæй арæзт фæрæз. Уый сæмбырд кæнын уыд хæсы иу хай. Йæ ныв саразын уыд сæйрагдæр, домдта бирæ рæстæг æмæ зонындзинæдтæ. Филиппы куыст нымад æрцыд хуыздæрыл. Уæлахиз ын бантыст, цы фæлтæрддзинад æм фæзынд, æрмадзы бирæ сахæттæ æрвитгæйæ, уый руаджы.
Лæппуйы фарсмæ уыдысты фæлтæрдджын зондамонджытæ. Æххуыс ын кодтой. Уыдоны амындтыты руаджы лæппу иу къæпхæнæй иннæмæ уæндонæй хызти. Сæ зонд æмæ фæлтæрддзинад ын тых лæвæрдтой дунейы хуыздæр цæттæгонд ныхмæлæуджыты рамбулынæн.
Хъæддæсныйадмæ уарзондзинад Филиппæн йæ туджы ис. Йæ фыд æмæ йæ фыды фыд хъæдæрмæджы куыст рагæй кæнынц. Уыдонæй базыдта ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ, йæ хистæрты руаджы йæм сæвзæрд цымыдисдзинад хъæддæсныйадмæ. Йе *нтыстдзинадыл дæр ын йæхицæй фылдæр уыдон цин кæнынц æмæ, æнæмæнг, йæ ахуыргæнджытæ.
Къæбысты Филиппæн ацы æнтыстдзинад у йæ царды стыр фæндаджы райдиан. Фидæны ма иу æмæ дыууæ уæлвæзадмæ не схиздзæн. Уымæн та æххуыс – чемпионаты архайгæйæ цы фæлтæрддзинад райста, уый.
