филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 воскресенье, 29 сентября 2024
24 марта 2020, 14:40
Карз низы ныхмæ тохы рæстæг центр «Баспик»-æн йæ хъомыс нæ къаддæр кæны

Уыимæ æххæстгонд цæуынц хи хъахъхъæныны сæрмагонд мадзæлттæ дæр

Карз низы ныхмæ тохы рæстæг центр «Баспик»-æн йæ хъомыс нæ къаддæр кæны. Уыимæ æххæстгонд цæуынц  хи хъахъхъæныны сæрмагонд мадзæлттæ дæр. Кабинеттæ ифтонг сты сæрмагонд лампæтæй. Хицæн адæмы та раивтой дардмæ куыстмæ. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Центр «Баспик»-æн йæ хъомысдзинад нæ къаддæр кæны. Уыимæ æххæстгонд цæуынц ног хæцгæнизимæ тохы мадзæлттæ дæр.

Адæймаджы куы фæнда, уæд цыфæнды лыггæнинаг фарста дæр алыг кæндзæн, зæгъы директор Хъулаты Сослан. Сæ бæрны кусы 3 мин 500 адæймаджы æмæ се ппæт дæр радтой æнæниздзинад хъахъæныны фæрæзтæ. Кабинеттæ ифтонг сты сæрмагонд лампæтæй. Боны дæргъы фæллойгæнджытæн сбарынц сæ тæвд.

Буармæ æнæбандзæвгæ тæвдбарæнтæ бынтон бæлвырд бæрæггæнæн нæ дæттынц, уымæ гæсгæ сын байуæрстой ртутæй тæвдбарæнтæ. Иуæй-иу фæллойгæнджыты та раивтой дæрдзæфмæ куысты фæткмæ.

Уыимæ дохтыртæ дарддæр зæрдыл лæууын кæнынц хи хъахъхъæныны фæрæзты тыххæй.

Абоны онг республикæйы цæрджытæй 176 адæймаджы æнæниздзинадмæ цæуы цæстдард. Нырма уыдонæй низ иумæ дæр не сбæрæг кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania