филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:24 воскресенье, 29 сентября 2024
25 марта 2020, 12:25
Кæд ныртæккæ туристтæ нæй, уæддæр таможняйы кусджытæ æгуыст не сты

Фæскавказмæ цæуынц сæрмагонд уæзласæн машинæтæ

18-æм мартъийæ 1-æм маймæ Уæрæсейы æхгæд сты арæнтæ. Æмæ кæд ныртæккæ туристтæ нæй, уæддæр таможняйы кусджытæ æгуыст не сты. Фæскавказмæ цæуынц сæрмагонд уæзласæн машинæтæ. Куыд кусынц семæ, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

18-æм мартъийæ Уæрæсейы арæнтæ æрцыдысты æхгæд. Уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы рог хæдтулгæ стæм хатт фендзынæ. Уый хыгъд уæзласæнты нымæц кæны фылдæр. Æндæр бæстæтæм товар чи ласы, уыдон санитарон æркасты фæстæ ахизынц арæнты сæрты. 

Фæскавказмæ ацæуыны фæдыл нæ республикæйы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 1200 уæзласæн машинæйы, уыдонæй 700 сты Дайраны комы. Æмæ кæд туристтæ нæй, уæддæр таможнийы кусджытæ æнæвдæлон не сты.

Таможняйы кусджытæ æххæст кæнынц хицауады уагæвæрд æмæ сæ цæст дарынц, цæмæй республикæйæ ласт ма цæуой хи хъахъхъныны медицинон фæрæзтæ. Æрæджы баурæдтой  2 тоннæйы медицинон фæрæзтæ Туркмæ чи ласта, ахæм уæзласæн. 

Æппынæдзух арæнты сæрты чи хизы, уыцы шофыртæ нæ хъавынц сæ куыст бауромын. Нæ фарстайæн – нæ тæрсут уе нæниздзинадæн, дæттынц дзуапп

Уæрæсейы хицауады уынаффæмæ гæсгæ арæнтæ æхгæд не сты Донецкы, Луганскы адæмон республикæты, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы цæрджытæн. Сæрмагонд уагæвæрд æххæстгонд цæудзæн 1 маймæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania