филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:37 суббота, 21 сентября 2024
01 июля 2019, 12:55
Кæй зæххы хай у, æмæ чи у раст?

Уæллаг Фыййагдоны цæрджыты хсæн сæвзæрд быцæу

Кæй зæххы хай у, æмæ чи у раст? Уæллаг Фыййагдоны цæрджыты хсæн сæвзæрд быцæу. Адæмæн сæ бон, раздæрау, нал у æнæ къуылымпыйæ сæ цахарадæттæм бацæуын. Бæлвырддæр та афтæ – 10 азы размæ иу зæххы хайæн фæзынд ног хицау. Фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ хъыгдард баййæфтой иннæ цæрджытæ. Дих кæнынц фæндаг, æмæ тох кæнынц рæстдзинадыл. Хъуыддаджы стъæлф æвæрд нæма рцыди. Разæй – тæрхондоны куыст.

Куыд бирæ æндæр цæрджытæн, афтæ Сланты Жужаннæйæн дæр зæхх у йæ бинонты дарæг. Йæ цæхæрадонмæ цы фæндаг цæуы, ууыл фæцыдысты Куыртатты комы цалдæр фæлтæры цæрджытæ. Фæлæ ныр ацы хъуыддаджы фæзынд къуылымпытæ. Йæ зæххы хайæн Жужаннæ гæххæттытæ скодта 2008-æм азы.Æртæ азы размæ йæ цæхæрадоны схемæ аивта. Æмæ ныр зæххы хицау кæй у, уый йæ сбæрлвырд кæнын хъæуы тæрхондоны уылты.

Быцæуы иннæ архайджытæ ма сты Пæррæстаты бинонтæ. Уыдоны зæххы хайæн дæр ныр хицау у Хъæцмæзты Заретæ. Ныхас цæуы, сæ хæдзармæ цы фæндаг цæуы, ууыл. Ног хицау сарæзта алцыдæр, цæмæй йыл зынтæй ацæуæн уа, уый тыххæй. Æмæ ныр, раздæр цæхæрадæттæм кæуылты цыдысты, уыцы фæндагыл æмбырд кæнынц арæзтадон бырæттæ, фæзынд ма дзы кæркдон дæр. Пæррæстаты æфсымæртæ йæ не мбарынц, раздæры иумæйаг фæндагæн ныр иу хицау куыдæй фæзынд, уый.

Пæррæстаты æфсымæрты ныхæстыл разы у Кокойты Зæирæ дæр. Сылгоймаг 10 азы царди ацы ран, цалынмæ йæ зæххы хай Хъæцмæзты Заретæйæн нæ ауæй кодта, уæдмæ.

Хъæцмæзты Заретæйы йæхи бафæрсын не сфæлдыстадон къордæн нæ бантыст. Сылгоймаг цæхгæр загъта, журналисттимæ дзурынмæ разы кæй нæу, уый. Фæлæ сыхæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ ацы фарста лымæнæй алыг кæнын нæ фæнды.

Бынæттон администрацийы ацы быцæуы тыххæй зонынц, фæлæ йæ куыд алыг кæнæн ис, уый не мбарынц. Зæгъынц, куыд æмбæлы, афтæ скодтой гæххæттытæ. Уым бæстон фыст уыди зæххы хайы бæрц. Фæлæ йын йæ арæнтæ бæрæггæнæн процедурæ куы кодтой, уæд фæзуат аивта.

Зæххы хайы арæнтæ бæрæггæнæн процедурæ арæзт цæуы, цæмæй алцыдæр бæлвырд бæрæггонд уа, уый тыххæй. Уый размæ уал хъæуы генералон пълан сбæлвырд кæнын. Уым та хъуамæ бæлвырд уа участочы территори. Уæллаг Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валерий ныртæккæ йе нæниздзинадмæ гæсгæ йæ куысты нæй. Фæлæ нын телефонæй радзырдта, Хъæцмæзты Заретæ зæххы хай йæхиуыл куы кодта, уæд администрацийы генералон пълан нæ уыди. Афтæмæй æрцыд рæдыд. Фæлæ тæрхонгæнæг уынаффæ рахаста Заретæйы пайдайæн. Æмæ ныр тæрхондоны чи рамбылдта, уыцы фарс сæхгæдта фæндаг. Уый иу, фæлæ ма сыхæгтæй домы зæххы хай дæр. Слантæ æмæ Пæррæстатæ хъуыддаджы стъæлф нæма сæвæрдтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania