филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:01 понедельник, 15 декабря 2025
15 марта 2025, 10:26
Кæронмæ æрхæццæ  сывæллæтты сфæлдыстады республикон Галуаны рацарæзт

Бындурон куыст райдыдта дыууæ азы размæ

Ног бæстыхæйттæ, ног гæнæнтæ. Кæронмæ æрхæццæ  сывæллæтты сфæлдыстады республикон Галуаны рацарæзт. Бындурон куыст райдыдта дыууæ азы размæ. Специалисттæ бакодтой стыр куыст дыууæ къæпхæнæй, цæмæй уникалон культурон хæзнаты объект хъахъхъæд æрцæуа. Баивтой бæстыхайы сæр, рудзгуытæ, сног кодтой хъæдын дуæрттæ. Уымæй дарддæр баивтой мидæггаг коммуникацитæ – хъармæгæнтæ, вентиляци æмæ электрон хызтæ. Фыццаг уæладзыджы мозакион къæйдуртæй сæвæрдтой пъол. Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты та – керамогранитæй. Сцалцæг кодтой холл, кабинеттæ æмæ залтæ. Кафæн кълæсты пъолтæ бамбæрзтой сæрмагонд æрмæгæй. Уæвгæ, æнусы рдæгмæ галуан бындуронæй цалцæггонд æрцыд фыццаг хатт. Разæй ма ис æртыккаг къæпхæн – сног кæндзысты бæстыхайы æддаг бакаст æмæ бындур. Сæйрагдæр у уый, æмæ райдайдзысты кусын секцитæ. Уыдон та ныртæккæ сты 100-йы онг. Галуан кадджын уавæры байгом кæнын нысан кæнынц 1-æм июны, сывæллæттæ хъахъхъæныны бон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania