филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:36 воскресенье, 01 февраля 2026
23 июня 2023, 11:48
Кæронмæ фæхæццæ кæнынц Хетæджы къохы фæзуаты аивгæнæн куыстытæ

Волонтертæ раластой калд бæлæстæ æмæ бырæттæ

Кæронмæ фæхæццæ кæнынц Хетæджы къохы фæзуаты аивгæнæн куыстытæ. Волонтертæ раластой калд бæлæстæ æмæ бырæттæ. Кувæндонмæ бацæуæн ныр аив кæны нæлгоймæгты бардуагы нывимæ декоративон мæсыг. Къохмæ бацæуæны æвæрд æрцыди фæйнæг, фыст дзы ис хи дарыны фæтк. Кувæндонмæ бацæуæн фæндаг скодтой асфальт. Хæрдзты иу хайæн æхца радта Алагиры районы администраци, æххуыс сын кæнынц республикæйы цæрджытæ дæр. Фарон Хетæджы боны размæ ардæм æрбахуыдтой скъоладзауты дæр, æмæ волонтертимæ иумæ бафснайдтой территори. Алагиры районы администрацийы туризмы хайады хицау Хестанты Михаил куыд загъта, афтæмæй фæсивæды ргом ахæм мадзæлттæм здахын у пайдайаг. Уымæн æмæ афтæмæй национ традицитæ хъахъхъæд цæуынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Куыстытæ иууылдæр фæуыдзысты июлы дыккаг хуыцаубонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania