филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:23 воскресенье, 01 февраля 2026
22 декабря 2022, 11:38
Кæсæг-Балхъары Лескейнаг районы администрацийы уыд истрион цау

Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуцунаты Хъæзыбег æмæ Кировы районы разамонæг Накуысаты Барисыл зæрдиагæй сæмбæлдысты фысымтæ

Æмгуыстадыл архайд. Кæсæг-Балхъары Лескейнаг районы администрацийы уыд истрион цау. Æмгуыстады бадзырд бафыссыны нысаниуæгимæ дзы фембæлдысты бæрнон адæм. Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуцунаты Хъæзыбег æмæ Кировы районы разамонæг  Накуысаты Барисыл зæрдиагæй сæмбæлдысты фысымтæ. Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй ацы бадзырды фæрцы фидардæр кæндзысты республикæты районты хсæн ахастдзинæдтæ, стæй фылдæр кæндзысты æмгуыстады уавæртæ æмæ гæнæнтæ.  Фæнды сæ царды цалдæр къабазмæ гæсгæ æмархайд кæнын, кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй пайда кæнын.  Се хсæн ахуырад, хъæууон территориты райрæзт, культурæ, спорт. Фембæлды кæронбæттæны уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania