Уыцы нысан сæ размæ сæвæрдтой Ирон адæмы Уæлдæр советы Æрæфы районы хайады минæвæрттæ
Кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладыл кусын, сæ зондахаст сын фидардæр кæнын. Уыцы нысан сæ размæ сæвæрдтой Ирон адæмы Уæлдæр советы Æрæфы районы хайады минæвæрттæ. Фыдыбæстыйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн æмбæлынц районы скъоладзаутимæ, æмæ сын æмбарын кæнынц, уыцы уæззау азты дзыллæтæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уый. Сæ радон фембæлд уыд Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайы. Æрæфы районы Стыр Ныхас-ы сæрдар Гуæцæлты Агуыбе, хайады разамонæг Хуасдзауты Тазрет, стæй районы ветеранты Советы сæргълæууæг Бетрозты Майрæн æмæ мидхъуыддæгты хайады ветеранты Советы сæрдар Тегаты Геуæрги сæм фæхæццæ кодтой патриотон хъомылады сæйрагдæр домæнтæ, историон цауты æцæгдзинæдты тыххæй æрмæг.




