Абон Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы кадджын уавæры салдаты стæгдар радтой йæ хиуæттæн.
Сгарджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Хетæгкаты Давид фронтмæ ацыд 1941-æм азы. Уыд æхсæг.
1945 азы зымæджы архайдта Кенингбергæй-Берлинмæ автобаны хæстыты. Знаджы нæмыг дæр ыл уым сæмбæлд 24-æм февралы.

Бирæ азты нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл.
Ныр ныгæд æрцæудзæн йæ райгуырæн зæххыл.
Уыцы хъуыддаджы сгарджытæн æмæ салдаты хиуæттæн стыр æххуыс бакодта УФ-йы федералон æдасдзинады управлени.
Хетæгкаты Яков, Хетæгкаты мыггаджы минæвар Хуссар Ирыстонæй: «Ацы рæсугъд бон Лæгты Дзуар, æвæццæгæн, балæггад кодта не фсымæрæн æмæ йæ фæстæмæ йæ райгуырæн зæххыл сæмбæлын кодта. Йæ уд ын фæстæмæ йæ зæхмæ здæхын кæны. Мах, Хетæгкаты мыггаг, ссардтам нæ хъæбатыры. Æмæ кæд буарæй не хсæн нал ис, уæддæр йæ уд у махимæ, ис нæ фарсмæ. Кæнæм æй йæ хæдзармæ. Æмæ йæ куыд æмбæлы, афтæ сласдзыстæм йæ фыдыуæзæгмæ. Баныгæндзыстæм æй Цъунары Хетæгкаты мыггаджы уæлмæрдты. Сæвæрдзыстæм дзы майдан æмæ чи æмбæлы, уыцы дзаумæттæ».