Йе сфæлдыстадæн ын адæм стыр аргъ кæнынц
Хъæдæрмæгимæ куыст æцæг аивад у. Афтæ хъуыды кæны Калоты Таймураз. Бирæ азты куыста электрикæй. Пенсийы куы рацыд, уæд та райдыдта хъæдæрмæгимæ архайын. Йæ куыстытæй саив кодта, æрмæст йæ хæдзар нæ, фæлæ ма кæм цæры, уыцы уынг дæр. Йе сфæлдыстадæн ын адæм стыр аргъ кæнынц. Æрмæдæсныйы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хъæды къабазы фенын фæлгонц æмæ йын радтын ног цард – уый алкæйы къухы нæ бафтдзæн. Калоты Таймураз пенсимæ куы рацыд, уæд сфæнд кодта йæхи ног, цымыдисаг хъуыддаджы бафæлварын.
Хæдзары алы дзаумайы дæр зыны Калоты Таймуразы къухвæд. Хъæддæсныйыл сæрмагондæй нæ ахуыр кодта. Мæнæ къæлæтджынæй цæргæстæ кæсынц, хæцæнты бæсты та бирæгътæ. Къултыл – бæлæсты уидæгтæ сыкъаты хуызы. Камин дæр Таймураз йæхæдæг скодта.
Фæрв, сусхъæд, æнгуз – Калоты Таймураз кусы алы бæласимæ дæр. Хъæдæрмæджы цавæрдæр хуызтимæ æнцон архайын у, иутæ та зынархайд сты, фæлæ æрмдæсныйы уый нæ къуылымпы кæны. Цы фæлгонцтæ скæны, уыдон йæ сæры арæхдæр æвиппайды сæвзæрынц.
Хъæдæрмæг æм куы нæ вæййы, уæд Таймураз фæкусы бетонимæ. Скæны каркас, формæ байдзаг кæны, стæй саив кæны уынг. Сывæллæттæ дурджын цæрæгойты фæлгонцтыл цин кæнынц, адæм семæ къамтæ исынц. Сыхæгты зæрдæмæ Таймуразы архайд цæуы, фæзæгъынц ын сæ фиппаинæгтæ, афтæмæй рауайы коллективон сфæлдыстад.
Йæ фидæны куысты хъуыды Таймуразмæ æрцыд интернеты фæрцы. Агуры хъæугæ бæлас, цæмæй скæна сывæллоны фæлгонц бæхимæ. Бирæ фæндтæ ма йæм ис. Куыд зæгъы, афтæмæй ныр бæлвырд зоны, уарзон хъуыддаг куы уа, уæд пенсийы дæр рæстæг цымыдисæй æрвитæн ис.




