филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:47 пятница, 19 декабря 2025
19 декабря 2025, 10:06
Калугæйы кæронмæ æрхæццæ дронты турнир «Новая высота»

Уым цæгатирыстойнаг студенттæ рамбылдтой сызгъæрин æмæ æвзист майдантæ

Калугæйы кæронмæ æрхæццæ дронты турнир «Новая высота». Уым цæгатирыстойнаг студенттæ рамбылдтой сызгъæрин æмæ æвзист майдантæ. Иу адæймаг фæуæлахиз виртуалон трассæйы, æмæ сси хуыздæр пилот. Нæ республикæйы иннæ минæвар та дыккаг бынат бацахста ахуыргæнджыты хсæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Иу уысмы бæрц къуылымпыдзинад дæр уæлахизмæ фæндагыл – стыр цæлхдур. Цырддзинад, арæхстджын внæлд æмæ зонындзинæдтæ  –  тæхæджы сæйраг миниуджытæ. Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы 4-æм курсы студент Павел Сумцов виртуалон тыгъдады йæхи ныфсджындæрæй дары, зæххимæ абаргæйæ. Лæппуйæн авиаци цымыдисаг уыд йæ сабибонтæй. Дронтимæ куысты фæлтæрддзинад æм фæзынд кванториумы. Ныр уыцы цымыдисдзинад сырæзт профессионалон дæсныйады онг. Æппæтуæрæсеон турнир «Новая высота»-йы Павел сси хуыздæр номинаци «На крыльях»-ы. Йæ размæ æвæрд хæс хуымæтæг нæ уыд – виртуалон фæндаг симуляторыл  ацæуын хъуыдис иннæтæй рæвдздæр.

Республикæйы командæйы ма ис ноджыдæр иу колледжы студент – Быгъуылты Хетæг. Ахуыр кæны 4-æм курсы. Йæ дæсныйад  у «Æнæпилотон авиацион системæты эксплуатаци». Зонады сусæгдзинæдтæ Хетæг, студент уæвгæйæ,  райдыдта  ссывæллæттæн амонын. Лæппу у Алагиры скъола-интернаты иугонды разамонæг. Турнир «Новая высота»-ы дæр архайдта студентты *хсæн нæ , фæлæ – зондамонджы. Бæстæйы фæлтæрдджын ахуыргæнджытимæ ерыс кæнгæйæ, Хетæг бацахста 2-аг бынат.

Æнæпилотон авиацион системæтæй æппæтуæрæсеон турнир ацыд Калугæйы. Архайдтой дзы 30 командæйы, уыдонæй  29 уыдысты  бæстæйы алы регионæй, иу та – Китайæ. Алчидæр æвдыста æрмæст цырддзинад нæ, фæлæ нырыккон техникæимæ арæхстджын архайд, стæй лæмбынæг ахаст. Ныхмæлæуджытæ кæд хорз цæттæгонд уыдысты, уæддæр колледжы студенттæ Ахмед Муслимовы разамындæй бахаудысты призерты хыгъдмæ.

 Студенттæ турнирмæ сæхи цæттæ кодтой, 2024-æм азы сæ ахуыргæнæндоны Уæрæсейы рухстауынады министрады гранты æххуысæй цы æнæпилотон авиацион системæтæ цæттæгæнæн практикон Центр байгом, уым. Ацы къабазы рæзтæн фæрæзтæ райстой бæстæйы 30 регионы, уыдоны *хсæн – Цæгат Ирыстон дæр. Дæсныйадимæ зонгæ кæнынæн сарæзтой æппæт фадæттæ. Ахуырадон процесс хуымæтæг нæу, ахсы дæргъвæтин рæстæг. Раздæр студенттæ базонгæ вæййынц симулятортимæ. Афтæмæй фæахуыр кæнынц æнæпилотон тæхæг аппараттимæ архайын. Суденттæ ацы æнтыстдзинадыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Февралы Павел æмæ Хетæгмæ æнхъæлмæ кæсы ног къæпхæн – республикæйы чемпионат «Профессионал»-ы. Уым дæр та лæппутæ фæнд кæнынц сæ цæттæдзинад равдисын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania