филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:31 вторник, 03 ноября 2026
20 мая 2026, 10:42
Камерун æмæ Ирыстоны сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы

Камерунæй рацæугæ æрыгон бинонтæн ацы бонты райгуырд лæппу

Камерун æмæ Ирыстоны сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы. Камерунæй рацæугæ æрыгон бинонтæн ацы бонты райгуырд лæппу. Чысыл Алексейы арæндонæй рафыстой ирон национ уæлæдарæсы. Йæ ныййарджытæн Цæгат Ирыстон сси сæ дыккаг фыдыбæстæ. Уымæн æмæ ам канд сæ профессионалон бæллицтæ не ххæст кæнынц. Уарзондзинады историйы тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Чысыл Алексей ирон дарæсы — боны сæйраг хъайтар. Сабийы фæзындмæ бинонтæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты. Ном та йын равзæрста йæ фыд. Ныййарджытæ ныр та бæллынц чызджы райгуырдмæ. Зæгъынц, æнæмæнг, æй схондзыстæм Аланæ, зæгъгæ. Афтæ Камерунæй къайæн Ирыстон æрмæст цæрыны бынат не сси, фæлæ бинонты историйы хай.

Дидинджытæ, хъæбыстæ æмæ амондджын мидбылхудт. Арæндонмæ æрбацыдысты хæлæрттæ, æмкурсонтæ æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ахуыргæнджытæ. Ахуыргæнæдон сси хъысмæтаразæг фембæлды бынат Флорæ æмæ Тамойæн. Ам базонгæ сты, ам Тамо Флорæйæн сырх диплом райсыны бон раргом кодта йæ зæрдæйы фæндон. Ныртæккæ дыууæйæ дæр ахуыр кæнынц аспирантурæйы.
Ноггуырды ирон дарæсы рахæссын арæндонæй бафæндыд Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ахуыргæнæг Гуыбаты Нинæйы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Алексейы ныййарджытæн Ирыстон рагæй сси сæ дыккаг райгуырæн зæхх. Сабийыл та ирон дарæс кæй скодтой, уый у, чи сæ баиу кодта, уыцы адæмы культурæмæ уарзондзинад æвдисæг.

Флорæ æмæ Тамойы истори — мин километыртæн сæ ахадындзинад кæй фесæфт, ууыл дзурæг. Камерун æмæ Ирыстон сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы, æрмæст профессионалон бæллицтæ кæм нæ сæххæст вæййынц, фæлæ бинонтæ кæм равзæрынц, ахæм горæты. Ныр ам рæзы чысыл Алешæ. Ахæм историтæ — уарзондзинадæн æцæгæйдæр арæнтæ кæй нæй, ууыл дзурæг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania