филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:39 воскресенье, 01 февраля 2026
20 декабря 2012, 09:23
Къамисы радон æмбырды каст цыди фыдракæндты ныхмæ тох кæныныл

Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Культурæйы къабазы цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоныл дзургæйæ, министр Хæбæлаты Фатимæ ахсджиагыл банымадта, фидæн азы цы программæ кусын райдайдзæн, уый.

Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Культурæйы къабазы
цы

мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоныл дзургæйæ, министр Хæбæлаты Фатимæ
ахсджиагыл банымадта, фидæн азы цы программæ кусын райдайдзæн, уый.
Ахуырады министрады хъæппæрисмæ гæсгæ, алы цыппæрæмы дæр скъоладзаутæн
фадат уыдзæн аивад æмæ культурæйы кусæндæттæм лæвар бацæуын. Уый хъуамæ
хорзырдæм сахада иумæйаг уавæрыл. Æрвылаз фæллойадон къордты бакусы 6
мины æмæ 500 æрыгон адæймаджы. Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар
Къаболаты Ларисæйы ныхæстæс гæсгæ нæ республикæйы хистæр кары
скъоладзаутæн хъуамæ 250 куыстуаты арæзт æрцæуа 996 бынаты. Зæнгионты
Виталий куыд бафиппайдта, афтæмæй фыдракæндты нымæц къаддæр кæныныл
ведомствотæ хъуамæ архайой иумæйагæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania