20 марта 2018, 18:10
Канд æргом æвзæрстытæ нæ, фæлæ ма раст æмæ æргом фæлварæнтæ дæр
Бирæ рæстæг нал баззад иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынмæ.
Канд æргом æвзæрстытæ нæ, фæлæ ма раст æмæ æргом фæлварæнтæ дæр. Бирæ рæстæг нал баззад иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынмæ.
Абон ыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы, регионты хсæн арæзт æмбырды. Бæстон дзы æрдзырдтой паддзахадон хатдзæгтæгæнæн аттестацимæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Райсом скъоладзаутæ рагагъоммæ дæтдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Фембæлды архайджытæ стыр æргом аздæхтой, фæлварæнтæгæнæн кампани куыд арæзт æрцыд, уымæ. Сæйрагдæр домæн у æдасдзинадыл бакусын, стæй фæлварæнтæн аккаг аргъ скæнын. Æппæт домæнты тыххæй бæстон радзырдтой Уæрæсейы ахуырады Министрады æмæ ахуырады къабазмæ цæстдарды Федералон службæйы минæвæрттæ. Ногдзинæдтæм гæсгæ ацы аз фæлварæнты фарстатæ мыхуыр кæндзысты аудиториты. Афтæмæй информаци уыдзæн æхгæд, æмæ рагацау нæ апарахат уыдзæн. Æмбырды архайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Куыд загъта, афтæмæй фæлварæнтæн раст æмæ ргом бæрæггæнæнтæ скæнгæйæ, республикæйы фидæнæн æвæрд æрцæудзæн фидар бындур.

темæмæ гæсгæ