филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 суббота, 28 сентября 2024
04 июня 2019, 12:10
Кардæй цæф чи рцыди, уыцы хæххон аграрон университеты студенты рафыстой рынчындонæй

Цалдæр нæлгоймаджы студентты кæм нæмынц, ахæм видео æрæджы фæзынди социалон хызты.

Кардæй цæф чи рцыди, уыцы хæххон аграрон университеты студенты рафыстой рынчындонæй. Йе нæниздзинадæн тæссаг нæу. Цалдæр нæлгоймаджы студентты кæм нæмынц, ахæм видео æрæджы фæзынди социалон хызты. Фыдгæнджыты къухты уыди белтæ, халамæрзæнтæ, рувæнтæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны хыл кæй æрцыди, уый тыххæй бæрæггæнæн мадзæлттæ кæны мидхъуыддæгты министрад. Уыцы цау йæхи цæстæй чи федта, уыдонимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.Танделаты Ацæмæз у, ивгъуыд къуыри æнæзонгæ адæмимæ хылы рæстæг, кардæй кæй ныццавтой, уыцы студент. Фыдбылыз æрцыди, Хæххон аграрон университеты студенттæ зиуы рæстæг се мдзæрæны алыварс куы фснайдтой, уæд.Ацæмæзы уайтагъд аластой тагъд æххуысы рынчындонмæ. Уым ын баххуыс кодтой, ныр та йæхи дзæбæх кæны хæдзары.Хыл куыд æрцыди, æмæ йын цы фæстиуджытæ уыди, уыдон ныффыста æмдзæрæны бацæуæны цы камерæ æвæрд ис, уый. Студентты нæмынц хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзтæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ æнæзонгæ адæм æрбамбырд сты чидæр сæм телефонæй куы фæдзырдта, уæд. Бæлвырддæр та уыцы адæймаг, студенттæ цы кæрдæг ныккарстой, уый сын контейнертæм калын чи нæ уагъта, уый дзæнгæрæгмæ гæсгæ.Мидхъуыддæгты министрад ныртæккæ кæны слесты размæ бæрæггæнæн мадзæлттæ. Хæххон аграрон университеты æмдзæрæны хъомылгæнæг Бестауты Ритæйы ныхæстæм гæсгæ йæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, æнæ аххосæгтæй ахæм стыр быцæу кæй рацыди, уый.Гоголы æмæ Толстойы уынгты цæрджытæ зæгъынц, раздæр дзы бырæтты контейнерты тыххæй ныхас кæй никуы уыди, уый.Уæдæ кæртыты цы контейнертæ ис, уыдоны бырон калæн ис, æви нæ? Ацы фарста радтам регионалон оператормæ. Уы радтой ахæм дзуапп – контейнерты бырон калæн ис, æцæг хъуамæ уой æрвылбоны хауæтдзæгтæ. Карст кæрдæг æмæ къалиутæн та ис сæрмагонд бынæттæ.Хылы рæстæг хъыгдар цы студенттæ баййæфтой, уыдон барадхъахъхъæнæг оргæнтæм нæ бахъаст кодтой. Хъуыддагмæ æркæсыны курдиат бахаста æмдзæрæны хъомылгæнæг.Ныртæккæ пъæлицæйæгтæ æвзарынц, æмæ агурынц студенттимæ чи фæхыл ис, уыцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania