30 июля 2025, 10:39
Каркуысты Арсæмæг сси Европæйы чемпион боксæй
Ерыстæ цыдысты 13-14 аздзыд чызджыты æмæ лæппуты *хсæн
Каркуысты Арсæмæг сси Европæйы чемпион боксæй. Ерыстæ цыдысты 13-14 аздзыд чызджыты æмæ лæппуты *хсæн. Арсæмæгыл кадджын уавæры сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы аэропорты. Чемпионæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты йæ *мбæлттæ, тренертæ, хæстæджытæ. Æрыгон боксерыл сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъд æмæ æртæ кæрдзынимæ.Уæрæсейы иугонд командæ ерысты бацахста фыццаг бынат. Каркуысты Арсæмæг сызгъæрин майдан рамбылдта бæстæйы иугонд командæйы уæнг уæвгæйæ. Сербийæ уæрæсейаг спорстментæ æрластой 9 сызгъæрин майданы. Арсæмæг хæцыд 57 килограммы уæзы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы егъау ерысты архайгæйæ алы спортсмен дæр æнкъардта стыр бæрнондзинад, уымæн æмæ хъахъхъæдта бæстæйы кад.
темæмæ гæсгæ




