Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Михаил Скоков
Карцамæ фæндагыл хæцæнгарзæй æхсынимæ баст цау раиртасыныл куыстмæ йæ цæст дары республикæйы мидхъуыддæгты министр. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Михаил Скоков. Уголовон хъуыддаг арæзт æрцыд закъоны статья «Хулиганство»-мæ гæсгæ. Министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй иртасæн куыст конд цæудзæн æргомæй. Фембæлды рæстæг ма каст æрцыд цалдæр фарстамæ. Сергей Меняйло загъта, цæмæй сæрмагонд структурæтæ бацархайой сæрдмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Центрон æмæ Жуковскийы номыл парктæ бацæттæ кæныныл. Уыимæ, сæ саив кæныны мадзæлттæ æмгъудмæ конд куыд æрцæуой. Ног гæнæнтæ хъуамæ фæзына доны станцæйы. Республикæйы сæргълæууæг ма бабар кодта, цæмæй активондæрæй куыст цæуа ирон адæмы райрæзты паддзахадон программæйы нымæцон платформæйыл. Фыццаджыдæр уый баст у ирон æвзаджы райрæзтимæ. Йæ сахуыр кæнынæн фадæттæ хъуамæ уа куыд республикæйы цæрджытæн, афтæ уазджытæн дæр. Æмбырды рæстæг ма æргом здæхт æрцыд Мæздæджы районы сывæллæтты фиддонтæ афойнадыл фыст кæй нæ цæуынц, уымæ.




