филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:51 вторник, 16 декабря 2025
14 марта 2014, 11:50
Карз нозт уадзæг куыстуæтты архайд закъоны домæнтæм гæсгæ саразын – ацы фарстайыл ныхас цыд Хицауады сæрмагонд къамисы æмбырды

Йæ уæнгтæ сты федералон æмæ республикон цæстдарæг органты, стæй экономикон ведомствоты разамонджытæ. Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт куыд загъта,

Карз нозт уадзæг куыстуæтты архайд закъоны домæнтæм гæсгæ саразын – ацы фарстайыл ныхас цыд Хицауады сæрмагонд къамисы æмбырды
Йæ уæнгтæ сты федералон æмæ республикон цæстдарæг органты, стæй экономикон ведомствоты разамонджытæ. Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт куыд загъта, афтæмæй æркæсын хъæуы, лицензи кæмæ ис, уыцы куыстуæттæ куыд кусынц, сæ авналæнтæй цас пайда кæнынц, хъалонтæ куыд фидынц. Ахсджиагдæр та у, æнæзакъонæй продукци чи уадзы æмæ уæй кæны, уыдонæн лицензи райсын кæнын. Уый тыххæй хъуамæ сæ куыстуæттæ дзуапп дæттой технологон æмæ æрдз хъахъхъæныны домæнтæн. Хицауад зæрдæ бавæрдта, кæй баххуыс кæндзæн куыстуæттæн, цæмæй ацы ахсджиаг хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæ къаддæр уа. Ууыл ныхас уыд карз нозты базарадмæ хъус дарæг федералон службæйымæ дæр. Къабазы архайд закъонмæ гæсгæ скæнынæн бæлвырд мадзæлттæ хъуамæ конд æрцæуой 1-м апрельмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania