филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:53 вторник, 16 декабря 2025
31 января 2013, 16:58
Кавказ бахъахъхъæныны æмæ Сталинграды тохы 70 азы кадæн абон Дзуджыхъæуы райдыдтæ машинæтыл дугъ

Йæ архайджытæ, уыдон та сты сыхаг республикæты цæрджытæ, сæ фылдæр Афганистаны хæсты архайджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ фæсивæд, бабæрæг кодтой республикæйы хæстон намысы бынæттæ.

Йæ архайджытæ, уыдон та сты сыхаг республикæты цæрджытæ, сæ фылдæр Афганистаны хæсты архайджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ фæсивæд, бабæрæг кодтой республикæйы хæстон намысы бынæттæ. Дидинджытæ сæвæрдтой Намысы Мемориалыл. Уæлахизмæ йæ `вæрæн чи бахаста, уыцы хъæбатырты ном ссардтой «Дзæуджыхъæу – Æфсæддон намысы горæт»-ы стелæйы цур. Бабæрæг кодтой Æрджынарæджы цыртдзæвæн дæр. Ацы ран Советон Цæдисы сырх æфсаддонтæ равдыстой стыр хъæбатырдзинад. Ныппырх кодтой техникон фæрæзтæй хорз ифтонггонд фашистты æмæ Гитлерæн сæхгæдтой йæ фæндаг Бакуйы нефтьмæ. Хъæбатырты ном ссаргæйæ дугъы архайджытæ абалц кодтой дарддæр. Хъуамæ райсом бахæццæ уой, тугкалæн хæст кæм æрцыд, уыцы горæт Сталинградмæ. Æм сын æгасцæуай зæгъдзысты Цæгат Кавказы Фыдыбæстæйы хæсты ветерантæ.
                           
Калоты Георгий, Æхсæнадон змæлд «Хæстон æфсымæрад»-ы разамонæг: «Дзæуджыхъæуæй абон ацæудзыстæм Сталинградмæ. Цалдæр горæты æрлæудзыстæм, афтæмæй ныххæццæ уыдзыстæм Сталинградмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania