29 ноября 2022, 14:36
Кавказ суæгъд кæнæны тохыл 80 азы кадæн медакадемийы сарæзтой регионты уæлдæр ахуыргæнæдæтты хсæн конференци
Бацархайдтой дзы Цæгат Ирыстоны студенттæ, стæй уазджытæ Цæцæнæй, Кæсæг –Балхъарæй, Дагестанæй
Азты сæрты акæсгæйæ. Кавказ суæгъд кæнæны тохыл 80 азы кадæн Цæгат Ирыстоны медицинон академийы сарæзтой регионты уæлдæр ахуыргæнæдæтты хсæн конференци. Бацархайдтой дзы Цæгат Ирыстоны студенттæ, стæй уазджытæ Цæцæнæй, Кæсæг –Балхъарæй, Дагестанæй. Æппæт архайджытæ дæр дзырдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг æнæниздзинады уавæр куыд уыди, стæй цы стыр æвæрæн бахастой медицинон кусджытæ иумæйаг знаджы ныхмæ тохмæ, уый тыххæй. Академийы разамынд куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, мадзалы сæйраг нысан у – нæ фыдæлты истори бахъахъхъæнын, стæй фæсивæдмæ патриотон æнкъарæнтæ гуырын кæнын.
темæмæ гæсгæ




