26 июля 2023, 11:41
Кавказ суæгъд кæныны тохы бонтæ сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты егъаудæр æмæ уæззаудæр цаутæ
Зæгъæн ис, æмæ аивтой хæсты истори. Стыр тох райдыдта 25-æм июлы 1942-æм азы
Кавказ суæгъд кæныны тохы бонтæ сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты егъаудæр æмæ уæззаудæр цаутæ. Зæгъæн ис, æмæ аивтой хæсты истори. Стыр тох райдыдта 25-æм июлы 1942-æм азы. 442 уæззау æмæ тугкалæн боны. Æмæ уыдон дæр, Ленинград бахъахъхъæныны 900 боны фæстæ. Уæвгæ, Кавказ суæгъд кæныны тох Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы сси дыккаг ахæм даргъ тох. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт фашистты æфсады размæ нæ фæтасыди. Фидар фæллæууыд, фæлæ уыцы уæлахиз æлхæд æрцыд æгæрон аргъæй. Тохы быдыры баззадысты Сырх Æфсады сæдæгай мин æфсæддоны. Афтæмæй, сæ цард нæ бавгъау кæнгæйæ, бахъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх.
темæмæ гæсгæ